Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы кубокы турнир боксæй кæронмæ æрхæццæ
Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы кубокы турнир боксæй кæронмæ æрхæццæ Беслæны. Архайдтой дзы республикæйы районты минæвæрттæ. Лæппуты кар 11 азæй 14 азы онг. Æдæппæтæй 250 адæймаджы. Мадзал сси æрвылазон, ныр арӕзт ӕрцыд æртыккаг хатт. Иу хаттæй иннæмæ рæзы йæ архайджыты нымæц. Фидæны пълæнтты ма ис турнирмæ сыхаг регионты спортсменты хонын дæр. Мадзаларазджытæ - Цæгат Ирыстоны боксы федераци, Алайнаг Чырыстон æхсæнад «Дзæнгæрæг», Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархи.