Дзæуджыхъæуккаг спортсмен сси Европæйы чемпионатмæ æвзарæн къæпхæны уæлахиздзау шахмæттæй
Дзæуджыхъæуккаг спортсмен сси Европæйы чемпионатмæ æвзарæн къæпхæны уæлахиздзау шахмæттæй. Баситы Георгий бацахста фыццаг бынат 11 азы онг скъоладзауты `хсæн. Турнир «Мемориал Эртеля - 2020» ацыд Краснодары крайы. Архайдтой дзы 150 скъоладзауы нæ бæстæйы 26 регионæй. Уыимæ ма Украинæ æмæ Абхазийæ дæр. Ерыстæ ахастой 9 боны. Æгкацаты Альберт æмæ Артур республикæйы иугонд командæйæн æрхастой дыууæ æвзист майданы. Спортсментыл цæуы 11 æмæ 7 азы. Турнир аразæг- Уæрæсейы скъолайы шахмæтты цæдис. Архайджытæ канд кубоктæ æмæ кады гæххæттытыл нæ тох кодтой. Сæйраг лæвар- Европæйы ерыстæм ацæуыны фæндаггаг. Турнир сараздзысты Грецийы. Ирон шахматисттæ фыццаг хатт архайдзысты Европæйы чемпионаты. Уыдон канд нæ республикæйы минæвæрттæнæ, фæлæ æгас бæстæйы номæй дæр архайдзысты ахæм бæрзонд æмвæзадыл. Ома, кæд хъуыды кодтам ацы хъуыддаг нæ къухы никуы бафтдзæн, уæд ныр ерыстæм нæхи цæттæ кæнæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуккаг спортсмен сси Европæйы чемпионатмæ æвзарæн къæпхæны уæлахиздзау шахмæттæй
Категория:
Новости и СМИ