Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ æрымысыдысты лейтенант Джыбылаты Зауыры рухс ном
Уый йæ цард радта адæмы мæлæтæй бахъахъхъæнынæн. 7 азы рацыд, фыдгæнæг Цæгат Ирыстон æмæ Мæхъæлы `хсæн арæныл срæмыгъд куы сарæзта, ууыл. Уæд 23 -æм октябры фæндаггон-патрулон службæйы кусæг фæмард Чермены посты, машинæ бæрæггæнгæйæ. Уыди дзы рæмудзæн æрмæг, æмæ йæ, барадхъахъхъæнджыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фыдгæнджытæ хъуамæ срæмыгътаиккой Дзæуджыхъæуы. Офицер Джыбылаты Зауыр 40 кг тротилæй ифтонг хæдтулгæ республикæйы арæны сæрты не ’рбауагъта. Абон фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады инспекцийы кусджытæ, Зауыры хæлæрттæ, хиуæттæ хъæбатыры номыл иу минут æдзæмæй æрлæууыдысты, йæ цыртдзæвæныл ын дидинджытæ сæвæрдтой. Уымæй уæлдай ма дидинджытæй саив кодтой, мидхъуыддæгты оргæнты 17 царæфтыд кусæджы номыл цы монумент сарæзтой, уый дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ æрымысыдысты лейтенант Джыбылаты Зауыры рухс ном
Категория:
Новости и СМИ