РЦИ-Аланийы театралон цæдис рамбылдта культурон хъæппæрисы президенты фонды грант

Уырыссаг литературæйы гени Александр Пушкины сфæлдыстад ног хуызы. «Пушкины аргъæуттæ», зæгъгæ, мультимедион концерт у республикæйы театралон архайджыты цæдисы проект. Хуыздæр разынд культурон хъæппæристы Президенты фонды æркасты. Æрæджы ацыд цæттæгæнæн комитеты фыццаг æмбырд. Аивадуарзджытæ зындгонд поэмæ «Руслан æмæ Людмилæ» фендзысты аудиовизуалон равдысты хуызы. Хъайтарты сурæттæ сæххæст кæндзысты республикæйы театрты зындгонд артисттæ. Музыкæйæн дзуапп дæтдзæн националон инструментты оркестр «Ирыстон». Разамынд ын дæтдзæн Ходы Олег. Иллюстрацитæ цæттæ кæны нывгæнæг Саулаты Сергей. Поэт Баситы Зæлинæ та уацмыс ирон æвзагмæ ратæлмац кæндзæн. Концерты премьерæ ацæудзæн Вахтанговы номыл уырыссаг театры. Спектакль ма равдисдзысты Беслæн, Алагир, Æрыдон æмæ Мæздæджы дæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
20 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии