Дзомагъы хъæумæ `ввахс фæнд кæнынц адæмон поэт Джыккайты Шамилæн цыртдзæвæн сæвæрын
Дзомагъы хъæумæ бацæуæны, уый дæр Хуссар Ирыстоны ис, фæнд кæнынц адæмон поэт Джыккайты Шамилæн цыртдзæвæн сæвæрын. Уый тыххæй Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахатыд республикæйы паддзахадон университеты ахуыргæнджытæм. Æхсæнадон архайæг æмæ ирон поэты ном сæнусон кæныны уынаффæ хъуамæ рахæсса профессорты къорд. Шамил канд поэт нæ, фæлæ ма уыд драматург, литературæиртасæг æмæ тæлмацгæнæг. Йæ уацтæ æмæ йе ’мдзæвгæты Шамил зæрдæрыстæй дзырдта адæмы уæззау уавæрыл. Йе сфæлдыстадæн рохгæнæн нæй, хъæуы йæ æнустæм бахъахъхæнын - фæнысан кодта Бибылты Анатолий. Дзомагъыхъæу хуымæтæджы нæ равзæрстой. Джыккайты Шамиль Уыд Дзомагъæй рацæугæ. Поэтæн бюст сæвæрдтой Цæгат Ирыстоны Намысы Аллейы. 2012-æм азы йыл бакуыста Шамилы кæстæр æфсымæр- нывгæнæг æмæ скульптор Джыккайты Мурат. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзомагъы хъæумæ `ввахс фæнд кæнынц адæмон поэт Джыккайты Шамилæн цыртдзæвæн сæвæрын
Категория:
Новости и СМИ