«Летом отдыхаем, но ПДД не забываем!», зæгъгæ фестиваль сарæзтой Горæтгæроны районы
Йæ архайджытæ скъолаты лагерьты цы сывæллæтты улæфæнц, уыдон. Æдæпæттæй 120 сывæллоны. Конкурсы фæлгæты сывæллæттæ равдыстой фæндаггон уагæврды домæнтæ куыд зонынц уый. Уымæй уæлдай куы дзырдтой, домæнтæ куы не `ххæст кæной, уæд цавæр фæстиуджытæм расайынц, уый дæр. Æрыгон инспекторттæ равдыстой цымыдисаг презентацитæ æмæ аив номыртæ. Мадзал аразджытæ та сын раарфæ кодтой æмæ бафæдзæхстой, фæндагыл алкæддæр къæрцхъус куыд уой, уый. Фестивалы фæлгæты архайджыты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй æмæ кубоктæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Летом отдыхаем, но ПДД не забываем!», зæгъгæ фестиваль сарæзтой Горæтгæроны районы
Категория:
Новости и СМИ