Æрыдоны 1-æм скъолайы ахуырдзаутæ сæхи æнтыстджынæй æвдисынц ерысты
Æрыдоны 1-æм скъолайы ахуырдзаутæ «Президенты спортивон хъæзтыты» финалæй сыздæхдысты уæлахиздзаутæй. Æппæтуæрæсеон турнир цыд Краснодары крайы сывæллæтты центр «Орленок»-ы. Зæгъын хъæуы уый æмæ Æрыдоны скъолайы ахуырдзаутæ спортмæ æмхиц сты. Уæрæсейы алы рæтты фæархайынц турнирты. Цавæр æнтыстдзинæдтæ бафтынц фæсивæды къухы æмæ ма сæ размæ цавæр хæстæ æвæрынц, уый базыдта ме `мкусæг Уазиты Зæлинæ. Бакæсæм цы æрмæг бацæттæ кодта, уымæ. Иу фæзыл хи фæлварынц рог атлетикæйæ, дыккаджы хъазынц баскетболæй, гыццыл фалдæр та футболæй. Ахæм хуызы ацæуы физкультурæйы урок Æрыдоны фыццæгæм скъолайы. Сывæллæттæ сæхи фæлварынц спорты алы хуызты. Уый сын фадат дæтты ерысты иттæг хорз бæрæггæнæнтæ равдисын. Скъоладзаутæ куыд зæгъынц, афтæмæй æппæтуæрæсеон ерысты размæ тренеровкæтæ вæййынц арæх æмæ бæстондæр. Æмæ æцæгæйдæр хатдзæгтæ иттæг хорз сты. Мæй размæ скъоладзаутæ ссыдысты Туапсейæ. Президенты спортивон хъæзтыты финалæй баскетболæй ерысты скъоладзаутæ сыздæхдысты уæлахиздзаутæй. Турнир цыд æппæтуæрæсеон сывæллæтты центр «Орленок»-ы. Чемпионат сæмбырд кодта 2 мин скъоладзауы нæ бæстæйы алы къуымтæй. Хуыздæр суæвыныл тох кодтой 2006-æм 2007 азы гуырд фæсивæд. Æнæмæнг дисциплинæтæ уыдысты 5. Уæлæмхасæнтæ та 3. Физкультурæйы ахуыргæнæг Людмилæ Корнеенко: «Ныридæгæн урокты сывæллæттæн спорт куынæ бауарзын кæнæм, уæд уыдон дæрддæр спортивон скъоламæ нæ ацæудзысты. Иу хъуыддаг иннæуыл баст у. Цы бындур сæвæрæм, уый кæстæртæ дарддæр апарахат кæндзысты. Ерыстæм фылдæр ацыдысты спортивон скъолаты чи архайы, уыдон. Мах ма скъолайæ уæлдай дæр аразæм ерыстæ. Алыхуызон эстафетæтæ, хъæзтытæ. Мах æй ныридæгæн зонæм кæм цавæр мадзал цæудзæн уый. Зæгъæм, махмæ лА пта кæй хонынц, уыцы хъазтæй ничи хъазы. Мах та уым дæр хи фæлварæм. Уымæй уæлдай ма ацы хуызы æппæтуæрæсеон ерысты равдыстам хорз бæрæггæнæнтæ». Скъоладзаутæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм егъау ерысты кæй архайынц, уый сын тынг æхсызгон у. Ахæм хуызы фæсивæд æрмæст сæ фæлтæрддзинадæй нæ дих кæнынц, фæлæ ма кæрæдзиимæ дæр базонгæ вæййынц. Цалынмæ иу къорд Туапсейы уыд, уæдмæ дыккаг архайдта Президнты хъæзтыты, Анапæйы. Туапсейы архайдта скъолайы командæ. Баскетболæй æмæ футболæй ерысты ахуырдзаутæ бацахстой 2-æм æмæ 4-æм бынат. Ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй кæд ацы хатт уæлдæр къæпхæнмæ не схызтысты, уæддæр фæсивæд ныфсджын сты. Физкультурæйы ахуыргæнæг Хъантеты Татьянæ: «Кæй зæгъынæй хъæуы, зын нын у. Фæлæ уый руаджы нæ тыхтæ фылдæр кæнынц. Дарддæры ерыстæм ноджы бæстондæрæй цæттæ кæндзыстæм. Зæгъæм, ивгъуыд аз республикæйы бацахстам дыккаг бынат. Уымæ гæсгæ æппæтуæрæсеон къæпхæнмæ нæ бахаудыстæм. Сывæллæтты æрынкъард сты, фæлæ сæ тыхтæ сымбырд кодтой. Рамбылдтой æмæ æппæтуæрæсеон ерыстæм бахаудыстæм». Скъоладзаутæ ерысты фæстæ дæр хи фæлвардзысты спорты хуызты. Куыд зæгъынц, афтæмæй алы тренеровкæ дæр спортсмены кæны тыхджындæр. Уымæ гæсгæ хъæуы æнтыстдзинæдтæм тырнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрыдоны 1-æм скъолайы ахуырдзаутæ сæхи æнтыстджынæй æвдисынц ерысты
Категория:
Новости и СМИ