Былгæрæттæ фидар кæныны куыст кæронмæ хæццæ кæны

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Къæвдаджын рæстæг куы скæны æмæ хæхтыл цы мит ис, уый тайын куы райдайы, уæд цæугæдæттæ рагуылф кæнынц. Тæссаг уавæры бафтынц нæ хъæутæ. Уымæ гæсгæ былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ ныртæккæ сæ тæмæны бацыдысты. Æмæ, куыд зæгъынц, афтæмæй Дзуарыхъæуæн тæссаг нал у донивылдæй. Уæвгæ, куыстытæ цæуынц канд Фыййагдоны нæ, фæлæ ма Хохы Карцайы цæугæдоны былгæрæттыл дæр. Кæнынц сæ цалцæг, аразынц дзы бетон донуромæнтæ. Æхсæвæй-бонæй куыстытæ не `нцайынц. Фыййагдоны цæугæдæтты былгæрæттæ фидар кæныны куыст кæнын райдыдтой мæйы райдианы. Нæ республикæйы экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрады техникæйы цыппар иуæджы ныртæккæ кусынц Сыгъдæг Мады Майрæмы Куадзæны Алайнаг моладзандоны цур. Канд былгæрæттæ нæ фидар кæнынц, фæлæ ма, Аланийыл дзуæрттæ куы бафтыдтой, уый 1100-азон юбилеймæ дæр моладзандоны алфамблай цæттæ кæнынц. Кæмдæр дондзæуæн дæр ссыгъдæг кодтой. Хиды ран дæр æмбæлгæ куыстытæ бакодтой. Засеты Анатолий, РЦИ-Аланийы экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрады кусæг: «Уыимæ ма куыстытæ райдыдтой Хохы Карцайы дæр.Тæссагдæр рæттæй иу у. Комы бирæ цæугæдæттæ ис. Бирæтæ дзы Карцадонимæ сиу вæййынц. Уымæ гæсгæ донивылдтытæй арæх тæссаг вæййы. Цалдæр азы размæ донивылд хæдзæрттæ йæ разæй ахаста. Уыимæ ма цæугæдон æмæ фæндаг иу æмвæзадыл сты. Уый хорз нæу. Донвæд арфдæр кæнынц, цæмæй тæссаг мауал уа. Æрвылбон дзы кусынц техникæйы 2 иуæджы». Александр Панкратов, РЦИ-Аланийы экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрады кусæг: «Ныртæккæ нæ куыстæн йе 'ртыккаг хай фестæм. Зынтæй нын цæуы размæ. Уымæн æмæ къахæн куыстытæ бынтон æнцон не сты. Бынæттон цæрджытимæ дæр кусæм. Уыдон нын фæзæгъынц, тæссагдæр æмæ базилинагдæр бынæттæ кæм сты, уый. Фæлæ ам бынатмæ æххæстæй æркæсын хъæуы. Ныртæккæ донвæд арфдæр кæнæм кæм иу метр, кæм та - фылдæр. Донвæд лæгъз кæнæм». Министрады минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Фыййагдон æмæ Карцамæ `ввахс куыстытæ хъуамæ кæронмæ ахæццæ уой мæйы кæронмæ. Ныридæгæн былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ фесты Дзуарыхъæу, Къодахджын, Дæллаг Саниба æмæ Майрамададжы. Æнæхъæн афæдзы дæргъы дæр министрады кусджытæ тæссагдæр рæтты уавæрмæ æппынæдзух сæ цæст дардзысты. Ног техникæ та фадат ратдзæн фæстиуджытæ æвæстиатæй аиуварс кæнынæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Былгæрæттæ фидар кæныны куыст кæронмæ хæццæ кæны

Категория:

Новости и СМИ