Ныстуаны ныхас

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

Æмбæлгæ кусæн бынæттæ æмæ йемæ баст ног системæ. Æппæты ахсджиаг хъуыддæгтæй иу — мæгуырты нымæц фæкъаддæр кæнын. Владимир Путин загъта — Уæрæсейы экономикæйы райрæзт æнæмæнг хъуамæ фæфылдæр уа, иннæ бастæтимæ абаргæйæ. Бахæс кодта паддзахадон хæрдзты пайда фæфылдæр кæнын æмæ хъалонты исыны фæтк банывыл кæнын. Уыимæ ма хъæуы амалхъом адæмæн æххуыс кæнын. 2025 азмæ чысыл амалхъомдзинады хай хъуамæ 40 % фыфылдæр уа. «Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады хъæндзинадты тыххæй куы дзурæм, уæд сæ фыццаджыдæр адих кæнын хъæуы дыууæ къордыл — æттагон æмæ бæстæйæн йæхи мидæг чии с, ахæмтæ. Амалхъом адæмы та цы тыхсын кæны, уыдоны хсæн мæнмæ гæсгæ сæйраг дæр у — финансон хагъды хъæндзинæдтæ. Аддагæтæм фарстатæм бахæссæн ис — кредит райсынæн фæдзæхсты бындур кæй нæй, уый. Уый та зындзинад хæссы амалхъом адæймагæн. Иуæй йæ фæнды хъуыддагыл бæстонæй бакусын, фæлæ КУЫД, уый та нæ зоны. Экономикæйы райрæзты министрадимæ стыр куыст бакодтам. Æрæджыты ма Челябинскы цы конфернци уыди, уым дæр иумæ архæйдтам. Цы проект равдыстам, уый бæрнон адæмы зæрдæмæ фæцыд. Уырны нæ, дарддæр нæ хъуыддæгтæ уымæй хуыздæр цæудзысты», — РЦИ-Аланийы райрæзты агентады инвестортимæ куысты директор Кирилл Ерохин. Техникон æгъдауæй дæр бæстæ стыр къахдзæфтæ акодта æмæ фæстæйæ баззайын — тассаг уыдзæн æдасдзинадæн. Афтæмæй фидæны Уæрæсе Бахæс кодта, уæлдай цæстдард уыцы хъуыдаджы робототехникæ æмæ аразгæ интеллектмæ куыд цæуа. Уыдонимæ та фæзындзæн ног куысты бынæттæ æмæ нырыккон кусæнуæттæ. Цæгат Ирыстоны дæр инновацион райрæзт бæрзæндтæм хизы. Владимир Путины хъуыдымæ гæсгæ экономикæ рæзы, уый та фадат дæтты алы къабæзты куыст фæхуыздæр кæнынæн æмæ технологон рæзтæн. Путин куыд бафиппайдта, афтæмæй фылдæр æргом аздахын хъæуы инвестициты бæрц фæфылдæр кæнынмæ, часыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинадæн баххуыс кæнынмæ, 2024 азмæ та — экспорты бæрц фæфылдæр кæнынмæ. «Æппæт уыдæттæ æххæстгонд куы цæуой, уæд, æнæмæнг, адæмы цардыл хуыздæрырдæм фæзындзысты. Адæмы æфтиæгтæ хъуамæ рæзой» — загъта Президент. Иу ахсджиаг фарста ма — ахуырад. Нæ бæстæйы разамонæджы хъуыдымæ гæсгæ, курдиатджын сывæллæттæ тынг бирæ сты æмæ сын хъæуы æххуыс кæнын. Хуыздæрырæм сыл фæзындзысты наукон лагерьтæ æмæ центрмæ. Ахæм рæзгæ фæлтæр та сты, фидæны нæ бæстæйы пайдайæн æрхъуыдыдзинæдтæ æмæ ног технологитæ чи араздзæн, уыдон. Адæмы цард фæхуыздæр кæнынæн дарддæр æххæстгонд цæудзæн цæрæнуæттæ аразыны программæ дæр. Ныртæккæ уал аразынц 80 милуан квадратон метры цæрæнуæттæ. Хæстæгдæр азты та уыдзысты 120 милуан квадратон метры бæрц. Æппæт куыстытыл схардз кæндзысты 11 триллион сомы. Риссаг фарста — медицинæ. Владимир Путин куыд загъта, афтæмæй ацы къабазы рацарæзт кæд хорз бæрæггæнæнтæ равдыста, уæддæр йæ фæстæ расайдта бирæ фарстатæ. Зæгъæм, гыццыл хъæуты амбулаторитæ кæй сæхгæдтой, цалдæр хъæутæн та æрмæст иу фельдшерон пункт ис. «Уый раст нæу» — загъта Президент. Бæстон ма æрдзырдта хъæууон хæдзарадыл, наукæйыл, финансты куыстыл æмæ æндæр фарстатыл. Фæлæ радон хатт æмбарын кодта — сæйрагдæр у куыст афтæ аразын, цæмæй адæмы пайдайæн уа. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Ныстуаны ныхас

Категория:

Новости и СМИ