Парти "Иугонд Уæрæсе"-йы уæнгтæ архайдтой Ленинграды æрхъулайы цауты тыххæй историон диктанты
Чи уыд Ленинграды æрхъулайы музæ? Кæдæм цыд "Царды фæндаг"? Цас дзул лæвæрдтой немыцаг фашистты уацары цы адæм уыдысты, уыдонæн? Историон диктант Ленинграды æрхъулайы цауты тыххæй ныффыстой Цæгат Ирыстоны Парламенты депутаттæ, парти "Иугонд Уæрæсе"-йы минæвæрттæ, республикæйы цæрджытæ. Уыдон активонæй пайда кæнынц уæлæфтуан "ВВЕРХ"-æй. Се 'ппæт дæр дзуæппытæ лæвæрдтой 1941-æм азы 8-æм сентябрæй 44-æм азы 27-æм январмæ Ленинграды цы цаутæ цыд, уый фæдыл фæрстытæн. Æдæппæтæй уыдысты 30 фарсты. Баххæст кæнын сæ хъуыд 30 минутмæ. Уæвгæ, уæлæфтуаны руаджы архайæн ис партийы æппæт мадзæлтты дæр. Хуыздæртæн радтой Кады гæххæттытæ. Диктант арæзт æрцыд партийы проект "Историческая память"-ы фæлгæты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 80 азы размæ Сырх æфсад ссæрибар кодта Ленинград фашисттæй. Амард дзы милуан адæймагæй фылдæр. Сæ фылдæр æххормагæй.