Майы фæлладуадзæн бонты Уæллаг Ларсы бæлццæттæ тынг ныффæстиат сты
Уый хорз зонынц, нæ бæстæйы алы регионтæй майы фæлладуадзæн бонты Гуырдзыстонмæ цы бæлцæттæ фæцæуынц, уыдон. Арæны сæрты ахизын сын свæййы æцæг хъаймæт. Дæсгай сахæттæ фæндагыл лæугæйæ баззайынц. Ацы хатт дæр афтæ. Сæхи нымæц дæр цæхгæр кæй фæфылдæр, уый сын сæ хъизæмæрттыл бафтыдта. Фæндаг къуылымпытимæ куы фæкусы, уæд уымæй уæлдай тынгдæр стыхсынц сывæллæттæ дард рæттæй цæуæг бæлццæттæ. Абон Уæллаг Ларсы пункт бабæрæг кодта нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ. Дисгæнгæйæ æрыздæхт, æз, дам, уыйас адæм рады лæугæ никуыма федтон, зæгъгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Майы фæлладуадзæн бонты Уæллаг Ларсы бæлццæттæ тынг ныффæстиат сты
Категория:
Новости и СМИ