Майрæмададжы хус донвæды ссардтой хауæццæгтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Майрæмададжы цæугæдон чъизи кæй кæнынц, уый фæдыл басгæрст сарæзта Цæгат Ирыстоны прокуратурæ. Уый тыххæй сæм фæхабар кодтой бынæттон цæрджытæ. Дæллаг Фыййагдон, Рассвет æмæ Нарты хъæуы цæрджытæ бахъаст кодтой, цæугæдон барæй чъизи кæй кæнынц, уый тыххæй. Прокуратурæ ацы хъуыддаг раиртасыны тыххæй бахатыд Мидхъуыддæгты, стæй Æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрадтæм. Специалисттæ хъуамæ иумæ саразой сæрмагонд иртæстытæ. Сæ фæлгæты хъуамæ барадон хатдзæгтæ скæной, цы уавæр сæвзæрд, уымæн. Æркæсдзысты цæстдарæн æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты куыстмæ. Уагхæлдтытæ куы рабæрæг кæной, уæд фæстиуджытæ аиуварс кæнынæн скæндзысты æмбæлгæ мадзæлттæ, аххосджынты та закъоны бындурыл бафхæрдзысты. Ацы змæст донæй æнахуыр тæф кæй цæуы, уый иу æмæ дыууæ хатты нæ бафиппайдтой Нарты хъæуы цæрджытæ. Æмæ æрмæст уыдон нæ, фæлæ ма Фыййагдон æмæ Рассветы бынæттон цæрджытæ дæр. Æрæджы Æрыдоны районы прокуратурæйы кусджытæ Мæргъиты Маркы разамындмæ гæсгæ сарæзтой цæрджыты æмбырд. Уырдæм адæм æрбацыдысты сæ фарстатимæ. Сæ иу уыд Майрæмададжы донимæ баст. Хъуыддаг сбæлвырд кæнынмæ абалц кодтой Æрыдоны районы прокуратурæ æмæ нæ республикæйы æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министарды кусджытæ. Фыццаг объект - Нарты хъæумæ ввахс цы бынæттæ сты, уыдон. Мæнæн ацы ран у чъизи, уæдæ йæм тæфæй дæр бацæуæн нæй. Дыккаг объект - чысыл фалдæр цы дон ис, уый. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, ам тæф карздæр у, стæй дзы хауæццæгтæ дæр бирæ фылдæр ис. Фæлæ цавæртæ сты, стæй кæцæй цæуынц, уый бæрæг нæу. Дон кæцæй цæуы, уый нырма хъæуы сбæлвырд кæнын, зæгъы Хортиаты Таймураз. Фæлæ бафиппайын хъæуы уый, æмæ ацы донвæд Фыййагдонæй кæй кæлы. Дарддæр та цæуы Æрыдоны районы заводы арæнты мидæг. Уый фæстæ та хауы Майрамададжы хус донвæдмæ. Цæвиттон, ацы фарстамæ нырма æркæсын хъæуы. Фыццаджыдæр уал донæй райсын хъæуы сфæлтæрынмæ. Уый фæстæ та йын скæнын хъæуы анализ. Афтæмæй бæрæг уыдзæн, доны цы хауæтдзæгтæ ис, уыдон кæцæй сты, уый. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Майрæмададжы хус донвæды ссардтой хауæццæгтæ

Категория:

Новости и СМИ