Хъазæнтæ дæр ма сдзырдтой
Хиконд хъазæнтæ, уымæй уæлдай-ма, иронау чи дзуры, ахæмтæ, йæ сыгъзæрин къухтæй аразы Дзалаты Элонæ. Йæ конд хиирхæфсæнтæ дзурынц Хетæгкаты Костайы æмдзæвгæтæ, зарынц авдæны зарджытæ. Ахæм куклаты фæрцы сабитæн сæ мадæлон æвзаг базонын æхсызгон æмæ æнцондæр уыдзæн. Хъазæнтæн суанг сæ уæлæдарæс дæр цымыдисаг у - ирон разгæмттæ æмæ цухъатæ ирон нывæфтыдтимæ. Сабитæн цы алæмæты ногдзинад фæзындис, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Хъазæн райдайы нывæй. Дыккаг ахæм ссарын зын уыдзæн. Цалдæр бæлвырд чысыл хъуыддаджы æмæ ног куклайы фæлгонц цæттæ. Дарддæр ма сын хъæуы хъуымац равзарын, уæлæдарæс бахуыйын æмæ афтæ дарддæр. Алцыдæр къухæй. Уымæ гæсгæ куклатæй иу дæр иннæйы хуызæн нæу. Дзалаты Элонæ: «Куы мæм фæзынд национ хъазæнтæ аразыны хъуыды, уæд хъуыды кодтам, куыд сæ скæнæм. Бафæндыд нæ фæлмæн хъазæнтæ кæнын, уый та уый тыххæй æмæ сæ сывæллæттæ сæ гыццылæй нырмæ уарзын. Уыйфæстæ нæ бафæндыд, цæмæй хъазæнтæ уой национ аргъæутты хъайтарты фæлгонцты». Хъазæнты зæрдæ æмæ уд - кукла цы гарзы `ххуыссæй сдзуры, ахæм, хонынц æй модуль. Сырдтæ дзурынц алыхуызон хъæлæстæй, аивæй кæсынц Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ, зарынц авдæны зарджытæ. Уымæй уæлдай-ма зарынц æндæр национ зарджытæ дæр. Уыдон та ирон театры актерты æмæ инструменталон ансамбль "Къонайы" хъæлæсты фæрцы. Хъазæнтæн стыр ахадындзинад ис. Канд сывæллæттæн не хæссынц циндзинад, фæлæ ма сæ ныййарджытæн дæр. Сæ фæрцы сабитæ пайдаимæ сæ рæстæг æрвитдзысты, уæдæ мадæлон æвзаг дæр афтæмæй ахуыр кæндзысты. Скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ дæр ацы хъазæнты æууæлтæй разы куыд нæ баззайдзысты. Ацы хъуыддаджы Элонæ фыццаг у. Ахæм хъуыды йæм йæ кæстæр хойы æххуысæй æрцыд. Фыццаг хъазæнтæ кæнынмæ æнæхъæн бинонтæй бавнæлдтой. Фæцалх сты. Æмæ нал баурæдтой. Сæ фыццаг хуызæгтæ фæлварæны тыххæй арвыстой рæвдауæндонмæ. Ирон нывæфтыдтимæ уæлæдарæсы хъазæнтæ хистæрæй-кæстæрæй - алкæйы зæрдæмæ дæр фæцыдысты. Уæд Элонæйы бафæндыд ацы проектимæ фæсивæдон форум "МАШУК"-ы бацархайын. Афтæмæй дыууæ хатты ссис форумы уæлахиздзау. Равзæрд проект "Ирон хъазæн", зæгъгæ. Уæдæ та ныр дæр чызг форуммæ абалц кæнынвæнд скодта. Ирон æвзаджы уавæр цауд кæй у, уыцы фарста тынг ахсджиаг у. Сывæллæттæ кæнæ иронау нæ дзурынц, кæнæ та бынтон хорз нæ. Нæ хъазæнты фæрцы сывæллон мадæлон æвзаг арæхдæр хъусдзæн, ахуыр кæндзæн адæмон фысджытæ æмæ поэтты уацмыстыл, авдæны зарджытыл. Хъазты хуызы зонгæ кæндзысты сæ адæмы æгъдæуттимæ дæр. Грантты фæрцы æрмдæсныйы проект рухс федта. Куыст фæтагъддæр. Ахæм хъазæн йæ хæдзары фæзынайы бæллиц бирæтæм фæзынд, фæлæ Элонæйæн йæ бон æппæт уыцы адæмыл аххæссын нæ уыд. "Машук"-ы форум ын йæ къух сарæзта. Фидæнмæ фæныфсджын ис. Фæнды йæ алы æвзæгтыл дзурæг хъазæнтæ æппæт Кавказыл апарахат кæнын. Элонæ сæ тагъд канд сырдты хуызы нæ, фæлæ ма ирон нанатæ æмæ дадаты фæлгонцты дæр аразын райдайдзæн. Афтæмæй Элонæйы хуызæн ирондзинадыл иузæрдион чи у, ахæмты бæрц дæр фæфылдæр уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хъазæнтæ дæр ма сдзырдтой
Категория:
Новости и СМИ