Арвыкомы фæндаг æмæ Транскам сты æхгæд
Арвыкомы фæндаг у æхгæд. Уым ацæуыны бар нæй хæдтулгæты æппæт хуызтæн дæр. Уый тыххæй хъусын кæны Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады пресс-службæ. Фæндаг сæхгæныны уынаффæ рахастой боныхъæды бæрæггæнæнтæ кæй февзæрдæр сты, уый аххосæй. Уымæй уæлдай ма транспорты æппæт хуызтæн ацæуыны бар нæй Транскамы дæр. Æвзæр боныхъæд ахæсдзæн 2 суткæйы дæргъы. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сидынц цæрджытæм, цæмæй сæ балцыл рагацау хъуыды кæной æмæ тæссаг рæттæм ма цæуой. Бахъуаджы рæстæг та хабар кæной ирвæзынгæнджытæм «101», кæнæ «01» сæрмагонд номыртæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Арвыкомы фæндаг æмæ Транскам сты æхгæд
Категория:
Новости и СМИ