Къæрцхъусдæр ут
Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы минæвæрттæ сарæзтой рейд. Ацы хатт ныхас кодтой фистæгцæуджытимæ. Уыдон арæх фехалынц фæндаггон фæтк. Алчидæр сæ æрхъуыды кæны алыхуызон æфсæнттæ. Вæййы афтæ, æмæ расайынц фæндаггон фыдбылызтæм. Инспекторты ныхæстæм гæсгæ, уавæр фæхуыздæр уыдзæн æрмæстдæр уæд, æмæ фæндаггон змæлды архайджытæ ацы хъуыддагмæ бæрнондæрæй куы кæсой. Фæндаджы сæрты хизынæн цы сæрмагонд бынæттæ нысангонд æрцыд, уыдоны онг цæуынмæ бирæтæ зивæг фæкæнынц, зæгъынц инспектортæ. Абон сбæрæг кодтой Кировы æмæ Рæмоны-фырты номыл уынгты тигъыл цы уавæр сæвзæрд, уый. Кæд дзы фистæгæй цæуджытæн ахизæн ис, уæддæр адæммæ хъуысты дæр не сты. Уыимæ арæх афтæ рауайы æмæ фыдбылызы шофыр ницы аххосджын вæййы. Адæм сæхæдæг нæ фæзоныныц фæндаджы уагæвæрд. Бирæтæ дзы сырх рухсыл асыффытт кæнынц. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ архайынц, скъоладзаутæн фæндаггон фæткы `гъдæуттæ хуыздæр амоныныл. Фæлæ ахæм куыст цас ахадгæ у, уый зын зæгъæн у. Фæзминаг не сты ныййарджытæ сæхæдæг дæр: сабитимæ уæвгæйæ сæхæдæг фæндаджы сæрты хизынц, кæм не ‘мбæлы, уым, кæнæ та телефонæй дзургæйæ. Фæндаггон змæлды се ‘ппæт архайджытæ куы райдайой æгъдæуттæ `ххæст кæнын, æрмæстдæр уæд фæхуыздæр уыдзæн статистикæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Къæрцхъусдæр ут
Категория:
Новости и СМИ