Хуссар æфсæддон зылды ракетчиктæ сарæзтой марш
Хуссар æфсæддон зылды ракетчиктæ сарæзтой марш Цæгат Ирыстонæй Стъараполы крайы полигонмæ. Уым ацæудзысты сæрмагонд ахуыртæ. «Искандер-М» комплекстæй ракетæтæ уадзыны хъуыддаджы æвдисдзысты сæ арæхстдзинад. Быдырон уавæрты шофырты хъæудзæн алыхуызон цæлхдурты сæрты ахизын. Æфсæддонтæ æвдисдзысты, тох кæнынмæ куыд сæрæн сты, уый, стæй цавæр сæрмагонд методикæтæй пайда кæнынц, уый дæр. Ракетæтæй æхсджытæ æмæ артиллерийы архайджытæ бакусдзысты нырыккон зынгæхсæн хæслæвæрдтыл. Ахуыртæ райдайдзысты 27-æм мартъийы. Архайдзысты дзы 500 æфсæддоны æмæ техникæйы 100 иуæджы. Сæ сæйраг нысан – мæнг знаджы ныббырст бауромын, диверсион-сгарæн къордты æмархайдыл бакусын. Ахуырты фæрцы батальонты къамандыгæнджыты фæлтæрддзинад дæр фæуæлдæр уыдзæн. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ракетон комплекс «Искандер-М»-æн йæ бон у акъуырын 500 км радиусы чи ис, ахæм мысан. Ифтыгъд у дыууæ хуызы ракетæтæй: баллистикон æмæ базырджын. Йæ бон у бахъахъхъæнын уæлдæфон æдасдзинад æмæ ныппырх кæнын знаджы æфсæддон хæдтæхджытæ æд инфраструктурæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар æфсæддон зылды ракетчиктæ сарæзтой марш
Категория:
Новости и СМИ