Æдасдзинады охыл
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сывæллæттæн радзырдтой фæндæгтыл æдасæй цæуыны домæнтæ. Ахæм мадзал æрхъуыды кодтой сæрдыгон лагерты чи улæфы, уыдонæн. Сарæзтой йæ Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны цур фæзы. Сæрмагонд акцийы архайдтой 250 адæймагæй. Инспектортæ сабитæн радзырдтой фæндагыл велосипедтыл куыд цæуын хъæуы, фæндаггон нысаниуæгтæ куыд ахсджиаг сты æмæ светофортæм уæлдай цæст дарын кæй хъæуы, уый тыххæй. Уыцы хъуыддаджы ма вазыгджын у изæрыгон рухс чи кæны, ахæм уæлæдарæс дарын. Сывæллæттæ зæрдиагæй архайдтой хъæзтыты æмæ алыхуызон ерысты. Фæндаггон змæлды куыд архайын хъæуы, уый тыххæй фарстатæн дзуапп лæвæрдтой. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, ахæм акцитæ скъоладздаутæн пайдайаг сты. Уымæн æмæ хъазты хуызы алцыдæр хуыздæр базондзысты æмæ бахъуыды кæндзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æдасдзинады охыл
Категория:
Новости и СМИ