Куысты рацарæзт
Лыстæг административон закъонхæлдтыты тыххæй карз æфхæрд адæм цæмæй ма `ййафой, уый тыххæй ивддзинæдтæ бахæссыны фæнд скодтой адæмы бартæ хъахъхъæнæн Советы куыстадон къорды уæнгтæ. Ныхас цæуы, пъæлицæйы къухтæм бахауыны размæ юридикон æххуыс райсыны фадат цæмæй уа цæрджытæн, ууыл. Хъæппæрисы амидингæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, арæх афтæ рауайы æмæ пъæлицæйæгтæ сæхимæ æгæр бирæ бартæ райсынц. Уый тыххæй сæрмагондæй «Коммерсант»-æн фехъусын кодта, Уæрæсейы хицауады уыцы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны хæс кæмæн бабар кодтой, уыцы къорды сæргълæууæг Константин Чуйченко. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ног ивддзинæдтæ хуыздæрырдæм бæрæг дардзысты адæмы æдасдзинадыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Куысты рацарæзт
Категория:
Новости и СМИ