Цхинвалы кæрæдзимæ хæцæнгарз систой парламентмæ æвзæрстыты архайджытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй Цхинвалы бæстастæу бон раздæр кæрæдзимæ фесты республикæйы парламентмæ кандидаттæ. Æмæ æрмæст дзыхы ныхасæй куы ацагътаиккой кæрæдзийы хъуын-хъис бæргæ. Уый нæ, фæлæ кæрæдзимæ систой хæцæнгарз. Цас раст у уый æмæ цас кад кæнынц ахæм цаутæ быцæуы архайджытæн, уый слестгæнджыты бар уæд. Фæлæ сын цыдæр Хуыцау кæй баххуыс кодта, уый дызæрдыккаг нæу. Кæд дзы цæфтæ дæр уыдис, уæддæр адæм удæгасæй баззадысты, æмæ уый сæйрагдæр у. Иу хатт ма здæхæм уыцы темæмæ. Спайда кодтам Хуссар Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы æрмæджытæй. Цхинвалы сæйрагдæр уынгты тигътæй иуыл бон-сихорафон айхъуыстысты хæцæнгарзы æхстыты зæлтæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы быцæуы фæцæф бынæттон цæрæг Тадтаты Алан. Змæстыты архайæг чи уыд, уыдон уыцы-иу рæстæг сæхи бафтыдтой мидхъуыддæгты министрады цæсты. Райдыдтой слестгæнæн куыстытæ. Рынчыны фæхæццæ кодтой Хуссар Ирыстоны медицинон центрмæ. Цы хъуыдис, уымæй йын баххуыс кодтой. Йæ цардæн тæссаг нæу. Хуссар Ирыстоны медицинон центры травматолог Козаты Дмитрий: «Куы йæ `рбаластой, уæд йæ галиу къухыл уыдис дыууæ хъæдгомы. Бынаты йæм æркастыстæм, йæ буары ма мидæгæй исты зæрдæхсаинаг хъуыддæгтæ ис æви нæ, уымæ. Йе стджытæ дæр саст разындысты, уымæ гæсгæ йæ бахъуыд хирурджы æххуыс. Йæ къухыл ын сæвæрдтам гипс, бабастам ын æй. Рынчындоны йæ травматологийы хайады бауромын бахъуыд. Йæ уавæр кæд иууыл хорз нæма у, уæддæр йæ цардæн тæссаг нæу». Цаутæ йæхи цæстæй чи федта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ быцæуы архайджытæ уыдысты парламентмæ депутатты `взæрстытæм бардарæг адæймæгтæ. Мидхъуыддæгты министрады куыд зæгъынц, афтæмæй нырма раджы у кæронбæттæн бæрæггæнæнтæ хæссынмæ. Нæмттæ дæр, дам, нырма бæлвырдæй уымæн нæ загътой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цхинвалы кæрæдзимæ хæцæнгарз систой парламентмæ æвзæрстыты архайджытæ

Категория:

Новости и СМИ