Цæгат Ирыстоны абон мысынц авиацийы инæлар-майор Бедойты Русланы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

4 года назад

Цæгат Ирыстоны абон мысынц авиацийы инæлар-майор Бедойты Русланы. Нæ зындогонд æмзæххон 30 азы снывонд кодта æфсæддон службæйæн. Дыууæ хатты сæххæст кодта интернационалон хæс. Хъахъхъæдта Египет æмæ Йемен. Куырыхон, æнæхин, фæлмæнзæрдæ. Телеуынынады кадджын уазæг – æфсæддон тематикæйы эксперт. Йæ фæлтæрддзинад никуы 'вгъау кодта фæсивæдæн. Кæстæрты раст фæндагыл сæвæрын æрмæст йæхæдæг нæ архайдта. Уымæ разæнгард кодта йе 'мкусджыты, фæстæдæр та ветеранты советы уæнгты. Йе стырдæр хæсыл нымадта æрыгон адæмы патриотон хъомылад. Уый руаджы фæсивæд разæнгард кодтой алыхуызон ерысты архайынмæ. Фæзминаг хистæримæ цыма алы хъуыддаг дæр æнцондæр уыд. Фидæнмæ нысæнттæ иу æвæрдта рагагъоммæ. Цалдæр мæйы размæ-иу зыдта, цавæр мадзæлтты архайдзæн, уый. Ахæм у æфсæддон адæймаджы удыхъæд. Схъомыл ис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветераны бинонты. Йæ фыды хæстон цаутæ æдзух лæууыдысты йæ зæрдыл. Йæ фыды фенӕгау ӕй фæндыд Плиты Иссæйы фенын. Æвæццæгæн, уыцы цауты руаджы дæр бацыд тæхæгыл ахуыр кæнынмæ. Йӕ бинонтæ сæ фырты хъуыдыимæ разы кӕд нæ уыдысты, уæддӕр йӕ бӕллицмӕ размӕ тырныдта. Сунжæйæ рацæуæг. Ахуыр кодта хорз. Уæздан æмæ хиуылхæцгæ. Ахæмæй йæ хъуыды кæнынц йæ райгуырæн, ныр йæ ном чи хæссы, уыцы скъолайы ахуыргæнджытæ. Æрбахизæны зæрдылдарæн фыст æмæ патриотон хъомылады нысанимæ стенд. Йæ царды гыццыл сгуыхтдзинæдтæ нæ уыд. Æфсæддон тæхæг уæвгæйæ, дыууæ хатты сæххæст кодта йӕ интернационалон хæс. Уый тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд орден «За службу Родине в вооружённых силах»-ы æртыккаг къæпхæнæй. Уыимæ майдан «За боевое отличие», зæгъгæ. Бедойты Руслан-иу алы адæймаджы зæрдæмæ дæр ссардта фæндаг. Ветеранты советы куыд зæгъынц, афтæмæй бӕрӕг дардта йæ фидар зонд æмæ рæстдзинадæй. Ахæм домæнтæ йæм уыд, йæ фарсмæ чи уыд, уыдонмæ дæр. Планеристтæ, парашютон ерыстæ, авиамоделон спорты райрæзт республикæйы æнгом баст у Русланы номимæ. Бедойты Руслан æфсæддон-уæлдæфон тыхтæн снывонд кодта 30 азæй фылдæр. Йæ фæстæ ныууагъта ирд фæд. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv ok.ru/irystontv youtube.com/irystontv zen.yandex.ru/irystontv t.me/irystontv