Æдасдзинады фарстатæ
24 хъæуы, 40 фæндаджы хайæ фылдæры, 27 хиды æмæ 10 гидротехникон амаддзагы. Се`ппæты дæр у тæссаг донивылдтытæй. Уый тыххæй дзырдтой абон æнæнхъæлæджы уавæртæ аиуварс кæныны къамисы радом æмбырды. Разамын ын лæвæрдта Тускъаты Таймураз. Æрныхас кодтой, республикæ донивылдтыты рæстæг цавæр мадзæлттæ æххæст кæндзæн, ууыл. Уæлдай тæссаг вæййы сæрды. Уæд, июнæй - августмæ, фылдæр ивылдтытæ æрцæуы. Хицауады сæрдары ныхæстæм гæсгæ, ахсджиаг у республикæйы цæрджыты бахъахъхъæнын. Уый тыххæй къамисы уæнгтæн, профилон ведомствотæн æмæ районты разамындæн бабар кодта финансон æмæ материалон фæстауæрцгæнæн фæрæзтæ самал кæнын. Уый нысангонд æмгъуыдмæ - 15 мартъимæ. Бюджеты æхцайы фæрцы нæ республикæйы балхæдтой сæрмагонд техникæ, цæугæдæттæ сыгъдæг кæнынæн. Ныридæгæн дзы кæцыдæр районты кусынц. Фæлæ æгас республикæйы не ххæссынц. Уый тыххæй ныр районты сæргълæуджытæн хъæудзæн æмбæлгæ æхцайы фæрæзтæ ссарын, цæмæй ноджы фылдæр техникæ балхæной. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æдасдзинады фарстатæ
Категория:
Новости и СМИ