Мæскуйы цæуы æппæтуæрæсеон агропромышленон равдыст «Сызгъæрин фæззæг»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

24 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

24 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

24 просмотра

7 лет назад

Мæскуыйы дарддæр цæуы 21-æм æппæтуæрæсеон агропромышленнон равдыст «Сызгъæрин фæззæг». Абон у равдысты 3-аг бон. Уæрæсейы регионтæ дзы æвдисынц сæ хойраг æмæ сæ проекттæ. Раздæр уын куыд хъусын кодтам, афтæ архайджыты `хсæн-нæ республикæйы минæвæрттæ дæр. 75 куыстуатæй фылдæр саив кодтой хъæууон-хæдзарадон равдысты тæрхæджытæ сæ продукцийæ. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ сты дыууæ хатты фылдæр. Æхсырæй конд продукттæ, дыргътæ æмæ халсартæ. Дыууæ боны æмгъуыдмæ нæ стенд бабæрæг кодтой 40 мин адæймагæй фылдæр. Абон дæр афтæ. Адæмы тынг цымыдис кæнынц нæ экспозицитæ. Уазджыты `хсæн сыхаг регионты министртæ, егъау компаниты разамонджытæ. Республикæйы куыстуæтты минæвæрттæ æмæ хъæууон хæдзарады министрады уæнгты ныхæстæм гæсгæ уæлдай æхсызгон сын у стенд Уæрæсейы хицауады сæрдар Дмитрий Медведев æмæ нæ бæстæйы хъæууон хæдзарады министр Дмитрий Патрушев кæй бабæрæг кодтой. Бафтаудзыстæм ма уый æмæ форумы дыккаг бон ахсджиаг кæй рауад. Бынæттон куыстуæтты минæвæрттæ бафыстой инвестортимæ ахсджиаг бадзырдтæ. Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Максим Увайдов: «Цæгат Ирыстон йæхи æнтысджынæй бацæттæ кодта агропромышленнон равдыст «Сыгъзæрин фæззæг»-мæ. Куыд æй федтам афтæмæй нæ бæстæйы хъæууон хæдзарады къбазы тыхджын куыстуæттæ ис. Уыдонæн сæ бон у экпортыл дæр кусын. Нæ хъуыдымæ гæсгæ Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрад, регионалон профилон куыстуæттæ æмгуыст куы кæной, уыимæ ма хъæугæ инвестицитимæ, уæд хъæууон хæдзарад рæздзæн». Райсом равдыст «Сыгъзæрин фæззæг»-æн у кæронбæттæн. Уыдзæн концертон программæ. Схорзæхджын кæдзысты хуыздæрты. Цæгат Ирыстон дæр архайы цалдæр номинацийы. Раззагдæртимæ уæвыныл архайдзысты дзидзайæ конд æмæ кæсаджы продукци ци уадзы уыцы куыстуæттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мæскуйы цæуы æппæтуæрæсеон агропромышленон равдыст «Сызгъæрин фæззæг»

Категория:

Новости и СМИ