Республикон сывæллæтты сфæлдыстады галуаны сарæзтой ирон æвзаджы ахуыртæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Мадæлон æвзаг хорз базонын кæй фæнды, уыдонæн хорз фадат. Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны аразынц ирон æвзаджы курсытæ. Амонынц сæ 4 азæй - 16 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сывæллæттæн. Æвзаг ахуыр кæнынц ирон классикты уацмысты бындурыл, кæсынц аргъæуттæ, дзурынц æмдзæвгæтæ. Уæдæ ногæй цы базоной, уый зарæджы, кæнæ равдысты хуызы саразын дæр арæхсынц. Курсытæ арæзт сты нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй. Сывæллæттимæ кусынц фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ, сæрмагонд программæтæм гæсгæ. Куыд цæуынц сабиты ахуыртæ, уый федта нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ. Дæттæм йын ныхасы бар. Гагиаты Кристинæ ирон æвзаг скъолайæ уæлдай ма ахуыр кæны ам дæр. Къуыри 3 хатты æрбацæуы сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуанмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй раздæр дæр йæ мадæлон æвзаг уæлдай уарзт кодта. Ныр та йæ фидарæй уырнын райдыдта, йæ фидæн дæр ирон æвзагимæ кæй сбæтдзæн, уый. Сабитæн сæ ахуыртæ афтæ арæзт сты, цæмæй се сфæлдыстадон курдиаттæ дæр раргом уой. Алчидæр дзы бæллы ирон аив дзырды дæсны суæвынмæ. Ахуыр кæнынц ирон классикты уацмысты бындурыл. Кæсынц аргъæуттæ, дзурынц æмдзæвгæтæ Уымæй уæлдай ма æппæт æмдзæвгæтæн дæр сæ ахуыргæнæг ссары мелодитæ æмæ дзы рауайы зарджытæ. Афтæмæй сæ хъуыды дæр хуыздæр бакæнынц. Сценкæтæ дæр æнтыстджынæй æвæрынц. Фæрсæй сæм куы кæсай, уæд раст адæймаг йæхи театры æнкъары, афтæ ирдæй æвдисынц сæ сурæттæ. Сабитæ æнтыстджынæй архайынц алыхуызон республикон æмæ бæстæйы æркастты дæр. Саулохты Сæрмæт хæрзæрæджы архайдта æппæтдунейон æркасты. Саккаг йын кодтой гран-при Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Додой»-кæй бааст, уый тыххæй. Уыцы æнтыстдзинæдтæ сабиты къухты æфтын сæ ахуыргæнæг - Гæджынон-Хабæты Риммæйы руаджы. Риммæ у нæ республикæйы сгуыхт ахуыргæнæг. Сабитимæ кусынæн сарæзта йæхи сæрмагонд программæ. Ис сæм ЦИПУ-йы аивæдты факультетимæ дæр бастдзинад. Дипломон куыстытæ кæнгæйæ сын пьесæты фæархайынц. Уымæй уæлдай ма, сабитæ сæхи фæлварынц фыссыныл дæр. Хуыздæр уацмыстæ арвитдзысты Ногдзаумæ. Ирон æвзаджы ахуыртæ арæзт сты нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы хъæппæрисæй. Ныр уал ацы къорды сабитæ базыдтой поэзийы сусæгдзинæдтæ. Уый фæстæ сæхи фæлвардзысты аргъау фыссыны. Стæй уæд ахиздзысты прозæмæ. Суинаг фысджытæ æмæ поэттæн ам ис æппæт фадæттæ дæр сæ курдиат раргом кæнынæн Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Республикон сывæллæтты сфæлдыстады галуаны сарæзтой ирон æвзаджы ахуыртæ

Категория:

Новости и СМИ