Пъæлицæйæгтæ æрцахстой Дзæуджыхъæуы цæрæджы фатермæ цы дыууæ абырæджы бабырстой, уыдоны
Ивгъуыд фæлладуадзæн бонтæ æнæ закъонхæлдтытæй нæ ахицæн сты. Афтæмæй, Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ æрцахстой цалдæр абырæджы. Уыдон бавдæлыдысты æмæ изæрæй бабырстой горæты иу цæрæджы хæдзармæ. Сылгоймагмæ бартхъирæн кодтой кардæй, цыдæриддæр дæм ис æхца, уыдон æри, зæгъæ. Хъыгдæрд баййафæгмæ разынд 24 мин сомы. Фыдгæнджытæ йын сæ байстой æмæ ма йын йæ чырæ телефон дæр сæхи фæкодтой. Æмткæй райсгæйæ, закъонхалджытæ Дзæуджыхъæуы цæрæгæн зиан æрхастой 45 мин сомы. Бынатмæ, уайтагъд сымбæлдысты барадхъахъхъæнджытæ. Слестгæнæн мадзæлттæ сарзтой. Хъыгдæрд баййафæджы æрфарстой. Æмбæлгæ хъусынгæнинæгтæ арвыстой æппæт радхæссæг пъæлицæйæгтæм. Сахаты æмгъуыдмæ закъонхалджыты æрцахстой. Ныртæккæ сæ ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг. РЦИ-Аланийы мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйы кусæг Юлия Шестерова: «Мидхъуыддæгты Министрады Дзæуджыхъæуы хайады уголовон агурды кусджытæ сарæзтой опреативон мадзæлттæ. Барадхъахъхъæнджытæ сахаты æмгъуыдмæ фыдгæджыты æрцахстой. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыдон сты Цæгат Ирыстоны цæрджытæ. Иуыл цæуы 26 азы, иннæуыл 28. Раздæрд дæр закъоны сæрты ахызтысты. Уголовон кодексы алыхуызон статьятæм гæсгæ уыдысты æфхæрд. Ныртæккæ ацы цауы фæдыл байгом кодтам уголовон хъуыддаг Уголовон Кодексы 162 уацмæ гæсгæ, «Разбой», зæгъгæ». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пъæлицæйæгтæ æрцахстой Дзæуджыхъæуы цæрæджы фатермæ цы дыууæ абырæджы бабырстой, уыдоны
Категория:
Новости и СМИ