Цæгат Ирыстоны райдыдтой аразын проект "Ирыстоны тых"
Практикон æмæ теоретикон дæсныйад фæуæлдæр кæнын. Зындгонд спортсментæ сарæзтой дæсныйад уæлдæргæнæн ахуыртæ Рахизфарсы районы фæсивæдæн. Нæ республикæйы фæсивæдон парламенты национ политикæ, спорт, физкультурæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет райдыдтой аразын проект "Ирыстоны тых". Фыццаг мадзал дзы уыд Беслæны спортивон-дзæбæхгæнæн комплексы. Архайдтой дзы 250 сывæллонæй фылдæр. Тренировкæтæ та сын кодтой Сидахъаты Зауырбег, Айларты Зауыр æмæ Тыбылты Ибрагим. Дзуапп лæвæрдтой сывæллæтты фарстатæн дæр.