Боныхъæды хивдæнд митæ
Хæстæгдæр æртæ боны нæ республикæйы рацæудзысты тæркъæвдатæ тыхджын дымгæ æмæ ихуардимæ. Цæугæдæтты æмвæзад, гæнæн ис, æмæ фæбæрзонддæр уа тæссаг бæрæггæнæнты онг. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад сиды адæммæ, цæмæй ацы бонты хæхтæм ма цæуой. Тæссаг дзы у лами доны лæсæнтæ рацæуынæй. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй боныхъæд февзæр уыдзæн, Атлантикон фурды `рдыгæй цы атмосферон фронттæ æрбацæуа, уыдоны тыххæй. Семæ хæссынц бирæ уымæл. Кавказы хæхты рæбын уый расайы тыхджын къæвдатæм. Хæрдмæ цы атмосферон цыхцырджытæ ныццæвынц, уыдон та асæлынц æмæ зæхмæ ихы къæрттытæй æргæр-гæр кæнынц. Иу хатт ма уæм сидæм, боны ахаст куы февзæр уа, уæд хъуамæ уе `дасдзинадмæ бæрнондæрæй кæсат. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Боныхъæды хивдæнд митæ
Категория:
Новости и СМИ