Республикæйы 12 рæвдауæндоны æмæ 28 скъолайы нырма сты карантины æхгæд. Уый сбæрæг хицауады радон ап
Республикæйы 12 рæвдауæндоны æмæ 28 скъолайы нырма сты карантины æхгæд. Уый сбæрæг хицауады радон аппаратон æмбырды. Амыдта йæ премьер-министр Дзанайты Барис. Æхснырсæг æмæ гриппæй рынчынты нымæц нырма кæсы эпидемиологон къæпхæны сæрты. Стационарты сæхи дзæбæх кæнынц 88 адæймаджы, уыдонæй 66 сты сывæллæттæ. Æмбырды ма ныхас кодтой хъæууон хæдзарадон кусджытæн æххуысы тыххæй. Дзуаппдæттæг министр Къусраты Алан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы аз республикæ райсдзæн 1 миллиард 144 милуан сомы. Уымæй уæлдай ма 6 муниципалон сконды бацархайдзысты Уæрæсейы хъæууон хæдзарарды министрады паддзахадон программæйы. Уый тыххæй скодтой социалон-экономикон рæзты пълан. Арæзтады министрад та ацы аз кусы 258 объектыл. Ныридæгæн бафыстой 40 контракты. Дзанайты Барис бабар кодта сметæтæм æркæсын. Республикæйы æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрад та бацæттæ кодта хъæдты зынгсирвæзтытæ хуыссын кæныны иумæйаг пълан. Уый у хъæдтæ зынгсирвæзтытæй бахъахъхъæныны системæйы сæйраг гæххæт. Дзанайты Барис ма æмбырды архайджыты æргом аздæхта цæугæдæтты былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæм.