2020-æм азы сног кæндзысты, культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм 15 объекты
2020-æм азы сног кæндзысты, культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм 15 объекты. Се `хсæн историкон бæстыхæйттæ дæр. Федералон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы Зруджы аргъуан дæр фæнд кæнынц рацаразын. Уыимæ ма Ирон аргъуан æмæ Нары, Хетæгкаты Къостайы хæдзар-музей. Æппæт мадзæлттæн дæр проектон-сметон гæххæтытæ цæттæ кæны республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министрад. Профилон куыстуæттæн бабар кодтой, Уæрæсейы арæзтады министрадимæ æмгуыст кæнгæйæ, бæрæгбоны мадзæлттыл бакусын. Æппæт куыстытæн рахай кодтой 196 милуан сомы бæрц. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы президенты цур Дзанайты Барис. 2022 азы Мамысоны комы, Тлийы хъæуы базилдзысты 11-æм æнусы арæзт аргъуанмæ. Æрæфы районы, Уæхъæцы рацараздзысты чырыстон символикæимæ дыууæ мæсыджы. Куыстыты пъланы ис Зæрæмæджы Зруджы аргъуан саив кæнын, астæуккаг æнусты арæзт Елиайы номыл аргъуан Фæрæскъæтты дæр рохуаты нæ баззайдзæн. Цалцæггæнæн куыстытæ цæудзысты Сыгъдæг Мадымайрæмы аргъуаны Дзæуджыхъæуы æмæ хъæу Къумбултæйы цы аргъуан ис, уым. Уастырджийы номыл аргъуан Къесатыхъæуы, Дагомы, уыимæ Заманхъулы «Зылын цырт» кæй хонынц, уыцы дурæй конд дзуары уавæрмæ дæр лæмбынæг æркæсдзысты. Бæрæгбоны мадзæлтты пълан арæзт у 2 хайæ: фыццаг -культурон, хауынц æм равдыстытæ, рухстауæн æмæ рауагъдадон куыстытæ. Дыккаг хайы та - Аланийы чырыстон дин апарахат кæныны нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттæ сцалцæг кæнын. Бæрæгбонмæ уазджытæ ссæудзысты æппæт Дунейæ дæр. Цæмæй бæрæгбон æмбæлгæ æмвæзадыл ацæуа, уый тыххæй культурон нысаниуæг объекттæм хъæуы æнæмæнг базилын. Уый фæдыл паддзахад æмæ аргъуан истори æмæ культурæйы хæзнатæ бахъахъхъæныны къабазы кæнынц системон æмгуыстад. Зæрдæ кæмæ не ’хсайы, уыцы объекттæ сты Алайнаг моладзандон Куырттаты комы æмæ сывæллæтты моладзандон Алагиры районы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ алантæ чырыстон дин райстой II-æм æнусы, иугырæй та аргъуыд æрцыдысты 1100 азы размæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
2020-æм азы сног кæндзысты, культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм 15 объекты
Категория:
Новости и СМИ