Хицауады уæнгтæ æрныхас кодтой æрвылазон туристон комплекс " Мамысон"-ы райрæзты фарстатыл
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ архайдта, бæстæйы хицауады сæрдары хæдивæг Александр Новакы разамындæй цы æмбырд ацыд, уым. Хицауады уæнгтæ æрныхас кодтой æрвылазон туристон комплекс " Мамысон"-ы райрæзты фарстатыл. Сергей Меняйло Александр Новакы базонгæ кодта, республикæйы хицауады бæрны цы хæстæ ис арæзтады фæдыл, уыдонимæ. Объекты æнтыстджынæй аразынц фæндаггон æмæ инженерон инфраструктурæ, байгом автомобилон тъунел, куыстытæ цæуынц газ, электрон тых æмæ донуадзыны ифтонгады фæдыл. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй регионы хицауады 'рдыгæй бæстон цæстдард ис аразджыты архайдмæ. Бæстæйы экономикон райрæзты министры хæдивæг Сергей Назаров æмбырды архайджытæн радзырдта Цæгат Ирыстонмæ йæ кусæг балцы хатдзæгты тыххæй. Федералон ведомство куыстытæн скодта стыр аргъ. Æххæстгонд цæуынц фæткмæ гæсгæ, цы къуылымпыдзинæдтæ сæвзæры, уыдон æвæстиатæй æрцæуынц иувасгонд. Хицауады уæнгтæ ма дзырдтой Мамысоны арæзтады дыккаг æмæ дарддæры къæпхæнты райрæзтмæ инвесторты 'ргом раздахыныл. "Мамысон"-ы проект у егъау æмæ хъомысджын. Иу æмрæнхъ æрлæудзæн "Архыз" æмæ "Эльбрусимæ". Æппæт мадзæлттæ дæр хъуамæ æххæстгонд æрцæуой афоныл, -загъта Александр Новак.