Дæ цæсгом æмæ дæхæдæг
Октябрскæйы хъæуы цæрджытæ бахъаст кодтой прокуратурæмæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, хъæуы цы парк ис, уый заууатмæ æрцыд. Фæкæсæг æм нæй. Фæз кæрдæджы бын фæци. Бандæттæ - цъæл. Алырдыгæй - бырон. Афтæмæй та бынæттон цæрджытæ уыцы паркмæ сæхи æрбалвасынц алы бон дæр. Уæлдай уарзон бынат у сывæллæттæн. Хъæуы цæсгом у, зæгъынц адæм, фæлæ ахæм уавæры кæй ис, уый тыххæй йæ бампылынмæ бирæ нал хъæуы. Дзуапп кæм агургæ у? Нæ уацхæссæг Гогаты Марат æй базыдта. Фыццаг бакастæй - хуымæтæг фæлладуадзæн парк. Конд у адæмы удæнцойдзинадæн. Фæлæ ма йæм лæмбынæг æркæсут. Йæ алыварс - чъизи. Къуымты - бырæттæ калд. Пырх къахвæндæгтыл фæкæлынмæ бирæ нæ хъæуы. Хус кæрдæг æмбийы. Сæ цуры та адæм тезгъо кæнынц. Сывæллæтæ ахъазыны адæргæй сæ алыварс ратæх-батæх кæнынц. Парчы тæккæ бакомкоммæ - сывæллæты атракционтæ. Ардæм сабитæ арæх æрбалидзынц сæхи аирхæфсынмæ. Фæлæ гæрзтæм лыстæг куы æркæсай, уæд гуырысхо кæнын райдайдзынæ, кæд арæзт æрцыдысты æмæ сæм фæстаг хатт техникон æгъдауæй æркаст кæд уыд, ууыл. Æмтгæй райсгæйæ, парк заууатмæ æрцыд. Бынæттон цæрджытæ хъаст кодтой. Уый ма ницы, фæлæ фæстаг рæстæг парчы цы бæлæстæ зайы, уыдон чи дæр сабыргай калын райдыдта. Сæ бæсты та ног талатæ нæй. Афтæмæй фæз рабæгънæг уыдзæн а-дыууæ боны. Цæрджытæ сæ ныхас бахастой прокуратурæмæ. Уым сæ хъус уавæрмæ æрдардтой. Сарæзтой сæрмагонд басгæрстытæ. Сæ хатдзæгтæй зæрдæ бамæгуыр. Цопанаты Батрадз - горæтгæрон районы прокуроры æххуысгæнæг: «Сæрмагонд басгæрстыты фæстæ, куыд рабæрæг, афтæмæй парчы бæлæстæ акалдта хаццоны дарæг йæхæдæг. Кæй бахус сты, уый тыххæй. Мæнæ дзы цы атракционтæ ис, уыдонæн та иунæг гæххæтт дæр нæй. Техникон æркаст дæр сæм нæй. Ома, ныртæккæ кусынц æнæ бардæттæг гæххæттытæй. Пайда кæнын сæ æдæсæй ис ,уый нæ бон зæгъын нæу». Фæнысан кæнын хъæуы уый æмæ прокуратурæйы хъусынгæнинаджы фæстæ, бæрнон кусджытæ парчы уавæрмæ æркастысты. Гæзæмæ зилæнтæ дзы райдыдтой. Не сфæлдыстдон къорды рбацыдмæ, парчы талф-тулфæй кæрдæг акарстой, бандæттæм фæлæбурдтой æмæ сæ ацалцæг кодтой, уæдæ уисойы фындзæй дæр парчы фæзтыл æрцыдысты. Йæ хъус æм чи дары, уый ахходжыныл никæй нымайы. Куыд зæгъы, афтæмæй парк алы бон дæр æфснайынц. Горæтгæрон районы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй парчы уавæр уыдонæн дæр сæ зæрдæмæ нæ цæуы. Сæхæдæг æм цæмæй базилой, уый тыххæй сын æхцайы фæрæзтæ фаг нæ кодтой. 2014 азы йæ хаццоны радтой. Кæй къухтæм æрхауд, уый зæрдæ бавæрдта, паркмæ куыд æмбæлы, афтæ кæй базилдзæн. Алцы дæр дзы сног кæндзæн æмæ Октябрскæйы цæрджытæн сæ фæллад уадзынæн хорз фадат кæй уыдзæн. Есиаты Руслан - горæтгæрон районы администрацийы сæргълæууæг: «Хъыгагæн, хаццоны дарæг йæ хæстæ куыд æмбæлы, афтæ нæ кæны. Гæххæттытыл фыст ис, фæлæ сæ ницæмæ дары. Арвыстам æм хъусынгæнинаг, цæмæй йæ куыст бакæна - 1 мæйы æмгъуыдмæ. Куы нæ йæм базила, кæд хаццоны бадзырдæн фехалдзыстæм». Хаццоны дарæгимæ бадзырд бафыстой 2024 азмæ. Уæдмæ Октябрскæйы парк уыдзæн йæ къухты. Нырма 6 азы. Фæлæ иу æнæмæнг домæнимæ - нысангонд куыстытæ иууылдæр куыд кæна, афтæ. Парчы аивдзинадмæ дæр хъуамæ уæлдай цæст дара. Администарцийы куыд зæгъынц, афтæмæй ныртæккæ уыцы хъуыддаг баргæ у рæстæгæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дæ цæсгом æмæ дæхæдæг
Категория:
Новости и СМИ