Сергей Меняйло фемблæд бæлцæттæ ласæг компанийы минæвæрттимæ

Сергей Меняйло фемблæд фæндаггаджы аргъ фæфылдæр кæнынмæ чи хъавы, уыцы бæлцæттæ ласæг компанийы минæвæрттимæ. Йæ телеграм-каналы сæргълæууæг фæнысан кодта, уавæр бинонты бюджетыл кæй фæзындзæн, уый. Уыимæ информаци цы хуызы фæхæццæ кодтой пайдагæнджытæм, уый дæр раст нæу. Сергей Меняйло ма загъта, лæггæдты хæрзхъæддзинад дæр у хуыздæр цух. Уымæ гæсгæ, адæм разы кæй не сты, уый æмбары. Æхсæнадон транспортмæ фæхъæуы сахатæй фылдæр лæууын, стæй хæдтулгæтæ сты чъизи. Бæлцæттæ ласæг компанийы куыд зæгъынц, афтæмæй фæндаггаг фæфылдæр кæндзысты экономикон аххосæгтæм гæсгæ. Фæфылдæр артаджы аргъ дæр, хæдтулгæты хæйттæ, шофырты мызд. Æмæ хæрдзтыл тарифтæ нал æххæссынц. Сергей Меняйло зæрдыл æрлæууын кодта, бæлвырд фæтк кæй ис. Закъонмæ гæсгæ хъæуы æппæт фиппаинæгтæ дæр профилон комитетмæ арвитын. Ведомствæ æркæсдзæн документмæ æмæ рахæсдзæн хатдзæг Цæгат Ирыстоны хицауадимæ иумæ. Аргъ схизын ма бауадзынæн ис алыхуызон гæнæнтæ. Зæгъæм, субсиди. Уымæй уæлдай ма республикæйы арæзт цæуы транспортон реформæ. Æхсæнадон автобусты хи куыстуæттæ сты йæ хæйттæй иу, хъуамæ сæ цы фæнды, уый ма кæной.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
16 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии