Дзæуджыхъæуы Ватутины номыл уынджы 53 æм хæдзары цæрæг Темыраты Валентинæ сæ кæрты сарæзта

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

Дзæуджыхъæуы Ватутины номыл уынджы цæрджыты сыхагæй амонд фæцис. Бтемыраты Валентинæ срæсугъд кодта бирæуæладзыгон хæдзары кæрт. Æрзайын дзы кодта дидинджыты алы хуызтæ. Иу хуыз æххæстæй нæма фæвæййы калд, афтæ та иннæ хуызтæ райхалынц. Æмæ афтæ суанг зымæджы онг. Дæнцæгæн хæссинаг хæдзары кæрт федта нæ уацхæссæг Калоты Дзерассæ. Ватутины номыл уынджы 53-æм хæдзары кæрты цы дидинджытæ зайы, уыдон фенынмæ ма суанг сыхаг уынгтæй дæр цæуынц. Æмæ дзы цы нæй! Тюльпантæ, нарцисстæ, уардитæ. Æдæппæтæй 44 хуызæй фылдæр. Къорд зæхкусæджы цы куыст хъуамæ кæной, уый Бтемыраты Валентинæ иунæгæй бакæны. Фæнды йæ алыхуызон дидинджытæ æмæ бæлæсты уындæй йæ сыхæгты зæрдæтæ рухс кæнын. Нæма æрбабон вæййы, афтæ Валентинæ балæууы дидинæгдоны. Хус сыфтæ ратоны, дидинджыты донæй бафсады, саст къалиутæм быцæуттæ сæвæры. Афтæ сæм зилы, раст цыма йын удгоймæгтæ сты, афтæ. Сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй дидинджытæ алы бавнæлд æмæ фæлмæн ныхас дæр æнкъарынц. Валентинæйы фарсмæ æрбалæууынц йæ сыхæгтæ дæр. Уыдон дзы сты тынг бузныг. Иумæйагæй балхæнынц ног талатæ, хъæугæ хъацæнтæ. Ныртæккæ цæхæрадоны ног тауинæгтæн бынат фаг дæр нал кæны. Валентинæ бавдæлд æмæ сыхаг кæрт дæр аив кæнын райдыдта. Куысты мидæг æй бахъыгдарынц стыр бæлæсты къалиутæ. Рагæй не 'рцыдысты æхсæст. Сæ быны цы дидинджытæ зайы, уыдоны хур фаг не 'фсады. Валентинæйæн дзуапдæттæг куыстуаты ныфс бавæрдтой, фарста кæй аиуварс кæндзысты, уымæй. Ахæм дæнцæгæн хæссинаг сылгоймæгтæ фылдæр куы уа, уæд нæ горæт дæр уыдзæн аивдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv