Ног фатертæй дæгъæлтæ
Бирæты циндзинад æмæ иумæйаг бæрæгбон. Абон 395 бинонтæн сæ ног фатертæй радтой дæгъæлтæ. Сæ циныл бацин кæнынмæ республикæмæ ссыд УФ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы зылды Олег Белавенцев. Битарты Вячеславимæ сын кадджын уавæры радтой дæгъæлтæ. Цæрджытæн ахæм бæрæгбон саразын æмæ æхсызгондзинад æрхæссын къухы бафтыд адæмы кæлæццаг хæдзæрттæй ногтæм баивыны федералон программæ гæсгæ. Фондз фарастуæладзыгон хæдзары арæзт сты æдасдзинады домæнтæ хынцгæйæ. Тæссаг сын нæу зæххæнкъуыстытæй дæр. Нырма уал ног фатертæм балыгъдысты Леоновы æмæ Тельманы уынгты кæлæццаг хæдзæртты цæрджытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног фатертæй дæгъæлтæ
Категория:
Новости и СМИ