Абон у хъыг æмæ мысæн бон. 1941-æм азы 22 июнь арф фæд ныууагъта Уæрæсейы азфысты
Абон у хъыг æмæ мысæн бон. 1941-æм азы 22 июнь арф фæд ныууагъта Уæрæсейы азфысты
Абон у хъыг æмæ мысæн бон. 1941-æм азы 22 июнь арф фæд ныууагъта Уæрæсейы азфысты. 81 азы размæ райсомы 4 сахатыл немыцаг фашисттæ æрбабырстой Советон Цæдисмæ æмæ райдыдтой, зæххыл цы фыддæр хæст æрцыд, уый. 4 азмæ тугкалæн цæхæры амæттаг баисты 27 милуан адæймаджы. Мысæн мадзæллттæ цæуынц бæстæйы алы регионты. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты æрымысыдысты Дзæуджыхъæуы Намысы Мемориалы дæр. Акцийы архайдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло, хицауады æмæ парламенты уæнгтæ, æфсæддонтæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Æдзард хæстонты цыртдзæвæныл дидинджытæ сæвæрдтой.