Стыр фæндтимæ
Цæгат Ирыстоны балетæн ног цард раттын. Ахæм хæс йæ размæ æвæры Суанты Валерий. Ныр у Дзæуджыхъæуы Мариинаг Театры филиалы сæйраг балетмейстер. ГИТИС-ы рауагъдон, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг фембæлд не сфæлдыстадон къордимæ. Цавæр фæндтæ йæм ис, уый радзырдта ме`мкусæг Пелиты Сабинæйæн. Афæдзæй фылдæр рацыд, Литвайы национ драмон театры аивадуарзджыты зæрдæ йæ æгæрон курдиатæй куы балхæдта, уымæй. Зындгонд хареограф Анжеликæ Холинæ сценæйыл сæвæрдта спектакль Отелло. Сæйраг роль та дзы ахъазыд немзæххон, ирон лæппу Суанты Валерий. Оперæ æмæ балеты театры та фыццаг хатт æвæрд æрцыд балет «Портрет Дориана Грея». Спектаклы фыццаг премьерæ уыд 17 июны. Кæфтытæ сæвæрдтой ГИТИС-ы рауагъдон Суанты Валерий æмæ Санкт-Петербургæй сценарист Варвара Евчук. Аивадон разамонæг Гергиты Ларисæ, афтæмæй. Спектаклы архайдтой Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы рауагъдонтæ. Балет аразджыты ныхæстæм гæсгæ, Оскар Уайльды уацмыс хуымæтæджы нæ равзæрстой. Романы сæйраг хъуыды ныры дуджы дæр ахсджиаг æмæ ахъуыдыйаг у. Спектаклæй Суанты Валерий разыйæ баззад. Дзæуджыхъæуы Мариинаг театры филиалы ныр Суанты Валерий у сæйраг балетмейстер. Ацы бынат ын æрæджы бабар кодтой. Æмæ æвæстиатæ курдиатджын хареограф йæ размæ сæвæрдта бирæ хæстæ. Тагъд рæстæг аивадуарзджыты зæрдæтæ балхæнинаг у спектакльтæй «Любовь во время чумы», «Любовь живет три года» æмæ «Парфюмер». Йымæй уæлдай ма хъавы уæрæсейы æмæ дунейы хуыздæр хореографты æмæ режиссерты хонын цæгат ирыстонмæ. Фæндтæ бирæ. Се `ппæт сæ Валерий не `ргом кæны. Фæлæ бæлвырд у иу Оперæ æмæ балеты театры сæйраг балетмейстеры фæндтæ æмæ куыстмæ разæнгарддзинад сценæйыл сæвзæрын кæндзысты рæсугъд спектакльтæ. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Стыр фæндтимæ
Категория:
Новости и СМИ