Куыртатты комы уæрæх кæнынц фæлладуадзæн фадæттæ
Сæрды æртыккаг мæй дæр та æнæнхъæлæджы æрбалæууыд. Ацы рæстæг адæм фæтындзынц улæфынмæ æмæ тæвд бонты хъармæй бафсæдынмæ. Цæгат Ирыстоны цæрджыты уарзондæр бынæттæй иу æнæмæнгæй схонæн ис Фыййагдон. Куырттаты ком та йæ раздæры хуыздæр фæлладуадзæн бынаты кад фæстæмæ здахы. Æрæджы дзы фæзынд фысымуæттæ дæр. Уыдон фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Нырыккон улæфты фадæттæ дзы рæзынц, æмæ нæм уыцы хъуыдыимæ цæуын райдыдтой арæхдæр иннæ регионтæй дæр. Хъайтыхъты бинонтæн сæ зæрдæмæ тынг цæуы Фыййагдоны сæ фæллад уадзын. Ног фысымуат куы фæзынд ацы ран, уæд иухатт уырдæм базылдысты. Сæ хъуыдыйыл нæ фæфæсмон кодтой. Бинонты хистæры ныхæстæм гæсгæ, ацы ран алцæмæй дæр æххæст у, цæмæй дзы ныййарджытæ æмæ сывæллæтæ баулæфой. Сæ зæрдæмæ афтæ фæцыд, æмæ йæм ныр 7-æм хатт æрбацыдысты. Хъайтыхъты Чермен куыд зæгъы, афтæмæй ахæм фысымуæттæ хъуамæ фылдæр кæной. Афтæмæй дзы адæмæн та æргътæ къаддæр кæндзысты. Республикæйы лæггæд чи кæны,ахæм куыстуæттæ бирæ нæй. Ай фыццаг зæрватыкк у. Ныфс нæ ис дарддæр дæр конкуренцийы руаджы ахæм хуызы лæггæдты хæрзхъæддзинад кæй сырæздзæн. Аргъ уыцы иу ран лæууы. 7-æм хатт сыдыстæм. Нæ йæ базондзына уыцы иу аргъæй дзæбæх æмæ райдзаст ран баулæфдзынæ æви. Ацы фысымуаты, кæй бахъæуа, уыдонæн кæндзысты дохтырты `ххуыс дæр. Раиртасæн дзы ис æнæниздзинады миниуджытæ. Адæмы хорздзинадæн дзы кусы бассейн дæр. Йæ дæргъ - 25 метры. Ацъыллинчытæ кæнын дзы йæ бон у, кæй фæнды, уыдонæн се `ппæты дæр. Бирæ сты, доныл иузæрдион чи у, уыцы уазджытæ. Сæмбæлынц канд Ирыстонæй нæ, фæлæ ма Уæрæсейы æндæр рæттæй дæр. Æдæппæтæй фысымуаты ис 98 уаты. Ныртæккæ дзы сæ фæллад уадзынц 100 адæймагмæ æввахс. Æрæджы та ма ног закъоны домæн дæр сæххæст кодта куыстуат. Радтой сын хæрзхъæддзинады нысан - 4 стъалыйы. Тедеты Заринæ, куыстуаты арт-директор: «Нæ комплекс нырма афæдзы `рдæг кусы. Уазджыты нымæц алыхуызон вæййы. Куы цалдæр уаты, куы та нæм къах бавæрæн нæ вæййы. Бынæттон цæрджытæ дæр нæм вæййы. Арæхдæр нæм вæййынц банктæ, министрадты минæвæрттæ. Уымæй уæлдай ма Израилæй туристтæ». Зæгъæн ис, æмæ Фыййагдон ссис хуыздæр фæлладуадзæн рæттæй иу. Бынæттон цæрджытæ дæр сæ фадæттæй пайда кæнынмæ арæхсынц. Бирæтæ дзы сæ фатертæ дæттынц хаццоны. Æргътæ уын бæлвырддæрæй æвдисæм. Æппæты асламдæр æхсæвиуаты аргъ у 5 мин сомы, иучысыл хуыздæр фадæттæ кæй хъæуы, уыдоны сæ дзыпп иу суткæмæ хъуамæ раафтид кæной 7 мин сомæй. Уæдæ паддзахы уавæртыл йæ зæрдæ чи нæ ивы, уыдон та цæттæ уæнт 10 мины æмæ ноджы фылдæр сомæн хæрзбон зæгъынмæ. Уæвгæ, æргътæ æххæстæй зæгъын нæ бон нæу. Алкæмæн дæр йæ бар - йæхи. Фыййагдоны уынгты æргътæ фыстæй фенæн ис. Адæм уыцы хъуыддагæй ерыс кæй кæнынц, уый, бынæттон администрацийы хъуыдымæ гæсгæ, хорз у. Афтæмæй туристтæн лæггæдты номхыгъд уæрæхдæр кæны. Амалхъом адæм, уый уынгæйæ, разæнгарддæр æвналынц ног фысымуæттæ аразынмæ, адæмæн куысты бынæттæ дæттынмæ. Фыййагдоны раздæры кад цадæггай йæ бынатмæ здæхы. Алæмæты раны тыххæй кой айхъуыст æгас Уæрæсейыл дæр. Уый ууыл дзурæг у, æмæ нын нæ республикæ зонынц æнæхъæн паддзахады дæр. Уазджытæ цас фылдæр кæной, уыйас фылдæр бынæттон цæрджытæн дæр уыдзæн сæ бинонты дарыны фадат. Хъалонтæй та хъæздыг кæндзæн Фыййагдоны администрацийы чыссæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Куыртатты комы уæрæх кæнынц фæлладуадзæн фадæттæ
Категория:
Новости и СМИ