Спутникы сæйраг фæндаг цалцæг кæнынц
Спутникы сæйраг фæндаг цалцæг кæнынц
Спутникы муниципалон программæйы фæлгæты цалцæг кæнынц фæндаг. Уæвгæ, рагæй уыд заууат уавæры. Дзæуджыхъæуы бюджетæй йын рахай кодтой 12 æмæ æрдæг милуан сомæй фылдæр. Кусджытæ архайынц алы бон дæр æмæ фæразæй сты нысангонд фæткæй. Спутникы цæрджытæ ног фæндагмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Цъыф, дзыхъхъытæ, доны култæ - ахæм цæлхдуртимæ æрвылбон Спутникы цæрджытæ æмбæлынц, хъæуы сæйраг уынгыл цæугæйæ. Хæдтулгæты цæлхытæ куы иу дзыхъхъы фæдæле вæййынц, куы иннæйы - адæм хъуырмæ систы. Фæндаг цалцæг кæнын райдыдтой дыууæ къуырийы размæ. Фæндаджы хай у километры æрдæджы бæрц. Йæ арæзтад цæуы нысангонд фæткæй раздæр. Бынаты ис техникæйы 4 иуæджы. Фæзуатыл пырх кæнынц хуыр æмæ бордюртæ æвæрынц. Архайдмæ бавнæлдтой æндæр бынæттон бæрнæдтæ дæр. Фæндаг цалцæггонд цæуы муниципалон программæмæ гæсгæ. Гарантион æмгъуыд ын ис 5 азы.