Байгом ис!
Базарадон центр «Арктикæ» кусы æрвылбоны фæткмæ гæсгæ. Уый тыххæй абон фехъусын кодтой республикæйы тæрхондоны пъырыстыфты федералон управленийы кусджытæ. Цыбыр рæстæгмæ дзы цы аиппытæ уыд, уыдон аиуварс кодтой. Базарадон центр ныр дзуапп дæтты æппæт домæнтæн æмæ йæ дуæрттæ æрбацæуджытæн бакодта. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æдасдзинады домæнтæн базарадон центр дзуапп нæ лæвæрдта æмæ уый тыххæй æхгæд æрцыд 22 майы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Байгом ис!
Категория:
Новости и СМИ