Адæймаг йæ номæн цæры
Абон 100 азы сæххæст уыдаид нæ бæстæйы адæмон артисткæ Брытъиаты Зарифæйыл. Æгас Цæгат Кавказы фыццаг сылгоймаг-режиссер. Сæрыстыр дзы уыдысты канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма Советон Цæдисы дæр. Дзæуджыхъæуы Театралон аивады музейы Брытъиаты Зарифæйы гуырæн бонмæ бацæттæ кодтой равдыст. Йæ цардыбонтæ йын æрхъуыды кодтам нæ дарддæры æрмæджы. Брытъиаты Зарифæйы æвæрд спектакль Отеллойы кой айхъуыст æгас дунейыл. Зындгонд режиссер, Цæгат Ирыстоны æмæ æгас Советон Цæдисы сæрыстыр кæмæй уыдысты, уый. Йæ сфæлдыстадон фæндаг уыди цымыдисаг æмæ фыдæвзарæн. Цæрæнбонты архайдта, цæмæй театры ном бæрзæндты хæссой. Тызмæг, фæлæ уæддæр зæрдæмæ исæг Брытъиаты Зарифæ. Йæ бæрны театры æвæрдтой дæсгай пьесæтæй фылдæр. . "Встреча в темноте", "Любовь Яровая" ирон фысджыты уацмыстæ, "Чермен", "12-я ночь", "Фатимæ". Иу иннæмæй æнтысджындæр. Брытъиаты Зарифæ райгуырд аивадмæ мхиц чи уыд, ахæм бинонты хсæн. Йæ фыд - ирон драматургийы бындурæвæрæг - Брытъиаты Елбыздыхъо. Стæм хат вæййы, цæмæй чызг йæ фыды номæн ахæм кад кæна, йæ дæсныйад ын дарддæр хæццæ гæнгæйæ. Æнцон ын нæ уыд Зарифæйæн, фæлæ "бафæлладтæн æмæ мын зын у" никуы загъта. Йæхи тыххæй Брытъиаты Зарифæ дзурын нæ урзта. Æрмæстдæр театр. Чи ма йæ хъуыды кæны, уыдон ныр дæр дис кæнынц, куыд ын рауад сылгоймаг уæвгæйæ, ахæм куыст кæнын. 1971 азы Брытъиаты Зарифæ сси Æппæтцæдисон Театралон Æхсæнады реагионалон хайады сæргълæууæг. Уæд йæ хæллæггæнджытæ дæр сæ цæсгæмттæ равдыстой. Иу уыссмæ Уæрæсейы адæмон артисткæ, Фæллойы Сырх Тырысайы ордены æмæ Хетæгкаты Къостайы паддзахадон премийы лауреат сси закъонхалæг. Æваст райдыдтой финансон басгæрстытæ. Рабæрæг æхцайы цух. Дзуап бадомттой Зарифæйæ. социалистон исбонад хардзы тыххæй йæ æрцахстой. Брытъиаты Зарифæ 12 азмæ ахæстоны сбадын кодтой. Удхарæй йæ марын уæд райдыдтой. Леонид Брежневмæ бирæ пъисмотæ фыст æрцыд. Куырдтой, цæмæй Зарифæйы суæгъд кæна. Фæлæ дзы ницы уад. Фыстæджытæ Брытъиаты Зарифæ фыста йæхæдæг дæр. Иу арвыста йæ хæлар зонгæ Расул Гамзатовмæ. Уæд, дам, фыссæг загъта ахæм ныхæстæ, кæцытæй ныр дæр цæсгомы цъар судзын райдайы: "Худинаг хъуамæ уа Ирыстоны адæмæн, ахæм сылгоймаджы ахæстоны бакæнын кæй бауагътой." Уый руаджы Брытъиаты Зарифæйы рауагътой 4 азы фæстæ. Фæлæ рухсы цъырт афтæ дæр нал федта. Фæстаг азты йе нæниздзинад тынг фæцудыдта. Цæстæй дæр нал уыдта. Уыди хæрам, йæ райгырæн бæстæмæ, Ирыстонмæ. Ахæм фыддæвзарæн митæ йыл кæй æрцыд, уый тыххæй. 2001 азы Брытъиаты Зарифæ йæ цардæй ахицæн. Рухсаг зæгъынмæ йæм адæм цæуынц Намысы Аллеймæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Адæймаг йæ номæн цæры
Категория:
Новости и СМИ