Цæгат Ирыстоны фæсивæды ахсджиаг фарстатыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды

Куыд кусы "Цæгат Ирыстоны фæсивæдон политикæйы" закъон, ууыл ныхас цыд инновацион фæзуат "Точка кипения"-йы. Тымбыл стъолы уæлхъусы мадзал сарæзтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Архайдтой дзы республикæйы хицауады æмæ парламенты уæнгтæ, дзуапдæттæг комитетты минæвæрттæ. Уыдысты дзы ахуырад æмæ наукæйы министрады, Дзæуджыхъæуы администрацийы, Фæсивæдон парламенты, æхсæнадон организациты архайджытæ. Байхъуыстой докладтæм, уый фæстæ æрныхас кодтой ахсджиагдæр хъуыддæгтыл. Се 'хсæн - фæсивæдон æхсæнадон иугондтæн æххуысы мадзæлттæ, гранттæ æмæ субсидитæ дæттыны куыст парахат кæнын, фæсивæдимæ цы уагдæттæ кусы, уыдоны материалон-техникон гæнæнты рацарæзт. Тымбыл стъолы уæлхъус фембæлд арæзт æрцыд Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты комитеты хъæппæрисæй.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
18 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии