Цыколайы фæзынд ног хордарæн бынат
Цыколайы фæзынд ног хордарæн бынат. Ныры онг уал кусы цалдæр мæйы дæргъы. Ифтонггонд у æппæт хъæугæ гæрзтæй дæр. Æрæджы ма æрбаластой ног комбайнтæ дæр. Уыимæ ма у автоматизацигонд дæр. Ныридæгæн дзы куыст куыд цæуы, стæй дзы цавæр домæнтæм гæсгæ архайынц, уый бызыдта нæ уацхæссæг Къутæрты Аидæ. Батырты Джамал ныр цалдæр мæйы дæргъы кусы ацы хордарæн бынаты. У уæзбарæг. Куыд нын радзырдта, афтæмæй ацы хордарæн у ног. Ифтонггонд у ног æппæт ног техникон гæрзтæй дæр. Фæллой дзы кæнынц 60 адæймагмæ ввахс. Æрæфы районы цæрджытæн сæ фылдæр кæнынц зæххы куыст. Ацы хъуыддаджы та æнæ хордарæн бынæттæй гæнæн нæй. Уæдæ районы цæрджытæн дæр стыр пайда хæссы. Зæгъæм, бирæ тыллæг чи байтыдта, уыдонæн æй сæ бон æрбаласын у хосдарæн бынатмæ, цæмæй йæм куыд æмбæлы, афтæ базилой. Уæдæ ма уымæй уæлдай нартхорæн иртасæнтæ дæр скæнынц. Батырты Джамалы ныхæстæм гæсгæ, нартхор куы æрбаласынц, уæд æй къæпхæнгай ссыгъдæг кæнынц. Фæстæдæр та йæ бахус кæнынц, æмæ йæ аласынц хордарæн бынатмæ. Нартхорæй æрбаласынц 60 тоннæйы бæрц. Æмбырд кæнын æй куы фæхъæуы, уæд Æрæфы районы зæххытыл фæллойгæнджытæ сæхи рагагъоммæ райдайынц цæттæ кæнын. Хаццон исджытæ бафснайынц нартхоры тыллæг. Дарддæр та йæ сæрмагонд комбайнтæ базгъалынц. Уый фæстæ та йæ арвитынц мæнæ ахæм фермерон хæдзарадтæм. Уым кæронмæ сыгъдæггонд æрцæуы. Ацы куыстуатмæ фидæнмæ бирæ пълæнттæ ис. Фæнды сæ, цæмæй адæм сæ куыстæй разы уой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цыколайы фæзынд ног хордарæн бынат
Категория:
Новости и СМИ