Мæздæджы районы объекттæ хъуамæ федералон программæтæм баххæсой

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

14 просмотров

7 лет назад

Мæздæджы районы объекттæ хъуамæ федералон программæтæм баххæсой. Уый тыххæй æххæстгæнæн хицауады разамонджытимæ æмбырды фехъусын кодта Битарты Вячеслав. Бирæ фæрæзтæ хъæуы Повлодольскы станицæйы ауазæн саразынмæ. Уый адæмы хæдзæарттæ хъахъхъæндзæн дон ивылдыты рæстæг. Ацы объект бахастой республикæйы былгæрæтты ауазæнтæ саразын кæм хъæуы уыцы хыгъдмæ. Ныридæгæн ацы хъуыддаг аиуварс кæныныл дзырдтой Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Алексей Гордеевимæ æмæ профилон федералон министрады уæнгтимæ. 1-æм сентябрмæ хъуамæ бацæттæ кæной проекты сæрмагонд гæххæтытæ. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта афтæмæй объекты куыстытæ райдайын хъæуы фидæны аз. Уымæй улдай ма 2020 азы федералон программæмæ баххæсын хъæуы Черноярскийы станицæйы ног скъолайы арæзтад. Нæ республикæйы сæргълæууæг ма бабар кодта Хъызлары культурæйы хæдзары бындурон цалцæджы проект бацæттæ кæнын. Уымæй уæлдай ма Мæздæджы районы рынчындоны фидæны аз фæзындзæн дадзинтæ дзæбæхгæнæн центр. Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Годжыцаты Тамерлан ацы хъуыддагмæ йæ хъус дардзæн йæхæдæг. Уæлдай æргом ма аздæхтой фæндæгты уавæрмæ. 2 миллиардæй фылдæр бахардз кæндзысты Мæздæг æмæ Дзæуджыхъæуы цы фæндаг бабæтдзæн уый арæзтадыл. Фæндаджы дæргъ уыдзæн 57 километры. Ацæудзæн Зилгæйы, Бæтæхъойы, Хурыхъæуæмæ Малгобекы рæзты. Ацы аз бахардз кæндзысты 350 милуан сомы. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта афтæмæй фæндаджы арæзтад хъуамæ адæмы алыбоны царды уаг ма бахъыгдара. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мæздæджы районы объекттæ хъуамæ федералон программæтæм баххæсой

Категория:

Новости и СМИ