Сергей Шойгу Беслæны бацыд мемориалон комплекс "Зæдты сахар"-мæ

Сергей Шойгу Беслæны бацыд мемориалон комплекс "Зæдты сахар"-мæ, уым ныгæд сты террористон акты чи фæмард, уыцы адæм. Дидинджытӕ сӕвӕрдта "Хъыджы бӕлас" ӕмӕ сӕрмагонд нысаниуӕджы къордты хӕстонтӕ-хъӕбатырты цыртдзӕвӕнтыл. Æдасдзинады советы секретары фидарæй уырны, ацы хъыггæнæн бонты, Беслæны амæттæгты мысгæйæ сæ хæстджыты рис æмæ хъыг сæхимæ райсынц милуангай адæм. Беслæны фарсмæ балæууынц æппæт регионтæ, дунейы алы бæстæты цæрджытæ. Сергей Шойгу фæнысан кодта, паддзахадон æмвæзадыл арæзт цæуынц хъæугæ мадзæлттæ, цæмæй дыккаг ахæм фыдбæллæх ма æрцæуа, адæмы бахъахъхъæнын æмæ бахизын террористон фæзындтæй.

Иконка канала IRYSTONTV
1 450 подписчиков
12+
43 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии