«ДобрАлания-2018»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

Ацы аз нымад у бархионы азыл. Уый кадæн Цæгат Кавказы бархионтæ æрæмбырд сты форум "ДобрАлания-2018", зæгъгæ, уымæ. Ныридæгæн æй сарæзтой 5-æм хатт. Бацархайдтой дзы бирæ уазджытæ. Уыимæ ма, ацы аз æмбырдмæ æрбафтыдысты Хуссар Ирыстонæй æмæ Краснодарæй дæр. Фембæлд сарæзта организаци "Лидер Центр-Новое Поколение"-йы регионалон хайад, нæ республикæйы национ ахастдзинæдты фæдыл министрады æххуысæй. 5 боны куыд арвыстой æмæ дзы цавæр ахуырадон фæзтæ куыстой, уый базыдта Пелиты Сабинæ. Райсом раджы фестынц, се уæнгтæ аивазынц, тренингтæм ацæуынц, тæвд къофи бацымынц. Дарддæр та - алцыдæр боны фæткмæ гæсгæ. Цæгат Кавказы бархионтæ æрæмбырд сты Цъæйы комы, цæмæй кæрæдзийæн сæ фæлтæрддзинад бацамоной, фæлтæрдджынтæм байхъусой æмæ дæсныйад æвдисæн ахуырты бацархайой. Программæ у тынг цымыдисаг æмæ алыхуызон. Æнкъард кæнынмæ дзы рæстæг никæмæн ис. Cигаты Этери- организаци «Лидер-центр новое поколение»-йы разамонæг:  «Ацы фембæлды æрæмбырд сты бархионтæ æмæ раззагдæр архайджытæ Цæгат Кавказы æппæт регионтæй. Уымæй уæлдай ма ацы аз æрхуыдтам Хуссар Ирыстон æмæ Краснодары крайы бархионты дæр. Нæ программæ азæй-азмæ кæны уæрæхдæр. Фæсивæдмæ цымыдисаг цы фæкæсы, ууыл æрдзурæм æмæ йæ баххæст кæнæм. Ам сæ ахуыр кæнæм социалон проекттæ фыссыныл. Уый фæстæ сын æнцондæр вæййы форумтæ "Машук" æмæ "Тавридæ"-йы архайын». Æдæппæтæй сты 80 архайæджы. Сарæзтой сын æппæт уавæртæ, цæмæй сæ рæстæг пайдаимæ æрвитой. Сæ тренертæ сын амонынц ног зонындзинæдтæ, ахуыр сæ кæнынц экстремизм æмæ терроризм цы зиан хæссынц, алыхуызон адæмыхæттыты `хсæн куыд хъæуы цæрын, размæ тырнынмæ цавæр миниуджытæй хъуамæ æххæст уа æрыгон адæймаг, уыдæттæ æмæ `ндæр фарстатыл". Архайджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй ма ам зонадон куыстæй уæлдай ссарынц хорз æмбæлтты. Уыйфæстæ ногæй æнхъæлмæ фæкæсынц, кæд та сæмбæлдзысты, уымæ. Аразджыты ныхæстæм гæсгæ, фæсивæдимæ кусын зын нæу. Кæрæдзи æмбарынц æмæ хъæлдзæгæй æрвитынц сæ рæстæг. Форумæн абон æрцыд йæ кæронбæттæн. Цы зонындзинæдтæ райстой, уыдонæй пайда кæндзысты. Стæй æнхъæлмæ кæсдзысты иннæ азмæ. Канд ахуыртæм нæ, фæлæ ма Ирыстоны диссаджы æрдз феныны тыххæй дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

«ДобрАлания-2018»

Категория:

Новости и СМИ