Рох кæнæн нæй
2004-æм азы цауты амæттæгты ма æрæмысыдысты Хæххон Аграрон университеты дæр. Студенттæ æмæ университеты разамынд сарæзтой терроризмы ныхмæ урок. Фæсивæдæн радзырдтой Беслæны теракты тыххæй. Уæвгæ, рох никæмæй у. Акци уыд нæ бæстæйы терроримæ тохы мадзæлтты фæлгæты. Ахæм хуызы фæсивæд æвдисынц сæ иудзинад æмæ террормæ æнæуынондзинад. Хæххон Аграрон университеты ректор Темыраты Викторы ныхæстæм гæсгæ, акци фæсивæды патриотон хъомыладæн стыр ахъаз у. 13 сахаты æмæ 5 минутыл, 2004-æм азы скъолайы фыццаг срæмыгъд куы æрцыд, уыцы рæстæг студенттæ арвмæ суагътой урс тымбылджытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Рох кæнæн нæй
Категория:
Новости и СМИ