Хъахъхъæдуры цæрджытæ ног дыргъдон саразынимæ разы не сты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Хъахъхъæдуры цæрджытæ загъд кæнынц. Раздæр сæ нартхор кæм сагътой, уыцы быдыртæ ныр дæттынц хаццонисджытæн. Уыдон дзы фæнд кæнынц дыргъдон саразын. Бынæттон цæрджытæн уый сæ зæрдæмæ нæ цæуы. Уымæн æмæ бæлæстæ пырх кæндзысты химикон буаргъæдтæй. Уый та стыр зиан хæссы æрмæст бæлæстæн нæ, фæлæ ма адæмæн дæр. Уымæн аххосаг у, дыргъдон цæрæн хæдзæрттæм хæстæг арæзт кæй цæуы, уый. Адæм тæрсынц сæ кæстæрты æнæниздзинадæн. Цыппор авд гектары зæххы хайыл апарахат уыдзæн дыргъдон. Хъахъхъæдуры цæрджытæ хъуамæ, ууыл цин кæной. Фæлæ цæрджытæ катайы бацыдысты. Бæласы талатæ сагъд нæма æрцыдысты. Ныртæккæ дзы арæзтадон куыстытæ цæуынц. Уæддæр адæм тыхсынц. Ацы зæххы хайыл раздæр нартхор сагъд уыд. Афæдз иу хатт дзы-иу пырх кодтой хъацæнтæ. Фæлæ зиан ницы хастой. Ныртæккæ адæм катайы бацыдысты химион къæппæджы бахауыны тасæй. Уымæн æмæ бæлæстæ афæдзы дæргъы пырх кæндзысты дыууынæй æртын фондз хатты онг. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй, ахæм хæдзарад хъуамæ цæрæн хæдзæрттæй цыппар сæдæ метры бæрц дарддæр уа. Ныртæккæ та дыргъдон æмæ цæрæнбынæтты `хсæн ис æртын метры. Фæлæ уый цæрджыты стырдæр мæт нæу. Хъæуы фондз сæдæ æхсай цыппар хæдзары ис. Сæ фылдæр хай дарынц стурвос. Ныр фос кæм хизой, уыцы бынат дзы нал ис. Хъæуы хицау куыд зæгъы, афтæмæй ацы зæххы хай хъуамæ нысангонд уыдаид æндæр пайдайаг хъуыддагæн, фæлæ цæрджыты ныхæстæм гæсгæ хаццонисæг æндæр хъуыдыйыл фæхæст. Цæрджытæ катайы бацыдысты. Зæххы хай хаццоны чи райста, уыимæ аныхас кæной зæгъгæ, фæлæ йыл нæ фæхæст сты. Сæ курдиат балæвæрдтой Кировы районы бынæттон хиуынаффæййадмæ дæр. Уым сын ныфс бавæрдтой, цыбыр рæстæгмæ сын сæ курдиатмæ кæй æркæсдзысты æмæ сын дзуапп кæй ратдзысты, уымæй. Хъараты Мæринæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хъахъхъæдуры цæрджытæ ног дыргъдон саразынимæ разы не сты

Категория:

Новости и СМИ