Ног разамонæг
Мæхæмæтты Бечы абон дыккаг хатт официалон æгъдауæй снысан кодтой республикæйы сæйраг тæрхондоны сæрдарæй. Кадджын æмбырд уыд Парламенты залы. Арахай дтой дзы нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, парламенты сæрдар Алексей Мачнев æмæ Цæгат Кавказы регионты сæйраг тæрхондæтты минæвæрттæ. Мадзалмæ æрцыд Уæрæсейы сæйраг тæрхондоны сæрдары хæдивæг Сергей Рудаков дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны ныртæккæ цы 11 тæрхондоны æмæ 31 тæрхондоны хайады кусы, уыдон куыд æмбæлы афтæ архайынц. Хорз æныстдзинæдтæ æвдисынц. 2017 азы нæ республикæйы бæрнон кусджытæ 4 мин уголовон æмæ 80 граждайнаг хъуыддагæй фылдæрмæ æркастысты. Мæхæмæтты Бек та куысты йæхи æнтысджынæй æвдисы. Зæгъын хъæуы уый æмæ Мæхæмæтты Бек ацы бынатмæ равзæрстой дыккаг хатт. Сæйраг тæрхондоны разамонæгæй кусдзæн 6 азы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног разамонæг
Категория:
Новости и СМИ