3-æм июнæй 6-æм июнмæ Цæгат Ирыстоны тæссаг уыдзæн æрдзон зынгсирвæзтытæй
Æнæнхъæлæджы цауты министрады республикон хайады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 17-æм августы онг Цæгат Ирыстоны тæссаг уыдзæн æрдзон зынгсирвæзтытæй. Уый тыххæй хъусын кæнынц Æнæнхъæлæджы цауты министрадæй, Гидрометцентры бæрæггæнæнтыл æнцайгæйæ. Цы `нтæф рæстæг скодта, уый ма ууыл ноджыдæр ахады. Уымæ гæсгæ ирвæзынгæнджытæ сидынц адæммæ, цæмæй уой къæрцхъус æмæ бæрнон. Нæй хъæдрæбынты æмæ хъæдты судзгæ `хсидæвтæ уадзæн, тамакойы дымæггæгтæ æмæ `ндæр ахæм тæссаг истытæ калæн. Æвæджиауы бæрнон цæстæй кæсын хъæуы арт саразгæйæ. Хъуамæ бæлæстæм хæстæг кæнæ та хус быдырты цур конд ма цæуа. Куы нал хъæуа, уæд æй, æнæмæнг, хъæуы ахуыссын кæнын. Нæй æвæгæсæгæй уадзæн, чысыл истæмæй дæр зынг кæуыл схæцдзæн, ахæм бырæттæ. Искæцы ран бæрнон кусджытæ зынгсирвæзтæй тæссаг уавæр куы расидой, уæд уырдæм æппындæр нæй цæуæн. Иугæр цавæрдæр æууæлтæм гæсгæ, зæгъгæ, бамбæрстат уый, æмæ кæмдæр зынг схæцыд, уæд æвæстиатæй хъусын кæнын хъæуы ирвæзынгæнæн службæмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
3-æм июнæй 6-æм июнмæ Цæгат Ирыстоны тæссаг уыдзæн æрдзон зынгсирвæзтытæй
Категория:
Новости и СМИ