«Севкавказэнерго»-йы специалисттæ аразынц иумæйаг рейдтæ
«Севкавказэнерго»-йы специалисттæ аразынц иумæйаг рейдтæ. Сæ сæйраг хæсы ацы хат уыди бирæвæуладзыгон хæдзæртты кæртыты цы ирон хæдзæртæ ис, уыдон сбæрæг кæнын. Иумæйаг электронтыхдæттæн хызтæм иугонд кæй сты, уый тыххæй фарста, чи сын хъуамæ фида, уыдонæн уæлдай ахсджиаг у. Фылдæр хатт, цæрджыты дзыпп уый нæ фæамоны, афтæмæй дзуапп чи радта, ахæмтæ нæй. Хъуыддагыл ныр райдыдтой архайын. Фæнд кæнынц иугонд фæткæвæрд саразын. Цавæр у æмæ цавæр закъонхæлдтытæ рабæрæг ныридæгæн, уый базыдта нæ уацхæссæг Къутæрты Аидæ. Бæлвырддæр йæхæдæг радзурдзæн. Плиты Иссæйы номыл уынджы цы бирæуæладзыгон хæдзар ис, уый цæрджытæй дыууæйæ рухсæн нæ фидынц. Хæстæ афтæмæй рæзынц. Севкавказэнергойы кусджытæ сæ дзуапп бадомттой. Иннæ закъонхæлд дæ ам - кæрты цы ирон хæдзар ис, уый иумæйаг рухсдæттæг хызтæм кæй баиу кодтой, уый. Донмæнтæм гæсгæ, раст нæу. Фæлæ ацы хъуыддагæн ныр дзуапп чи радта, уый нæй. Уæдæ йын æмбæлгæ гæххæттытæ дæр фыст не 'рцыдысты. Хæдзары цы электрон тыхæй пайда кæнынц, уымæн хъуамæ фидой цæрджытæ сæхæдæг. Кæд иумæйгæй ахæм уынаффæ рахæссой, уæд. Ахæм фæткæвæрд нысагонд у, фæлæ цæрджытæй сæ фылдæр хаткай уымæн дæр фидын не 'сразы вæййынц. Ахæм уавæр ис иннæ хæдзæртты дæр. Бестауты Сергей, Куыстуат «Севкавказэнерго»-йы юридикон хайады сæргълæууæг: «Мах æцæгæйдæр кæсæм æнæзакъонæй бирæуæладзыгон бæстыхæйтты кæртыты цы хæдзæрттæ ис, уыдоны рухсы телты уавæртæм. Абонмæ раиртæстам бирæ закъонхæлдтæ. Фыццаджыдæр, уыдоны ныхмæ сарæзтам басгæрст. Куыд рабæрæг, афтæмæй дзы бирæ закъонхæлдыдтæ ис». Ацы хъуыддагыл бакусыны тыххæй æмæ уавæр хорзы 'рдæм аивынæн «Севкавказэнерго»-йы специалисттæ аразынц иумæйаг рейдтæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, фарстамæ хъуамæ сæ хъус æрдарой куыд хæдзары цæрджытæ, афтæ разамынддæттæг компанитæ дæр. "Севкавказэнерго"-йы директоры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæнг Быгъулты Сосланы хъуыдымæ гæсгæ, алы ирон хæдзарæн дæр хъуамæ фыст æрцæуа сæрмагонд бадзырд. Хæдзары цæрджыты æмбырты та хъуамæ снысан кæной, дзуапп чи дæдзæн, ахæм адæймаджы. Стæй бынаты сифтонг кæндзысты нысангонд рухасбарæн. Афтæ фæнд кæнынц Плиты Иссæйы уынджы хæдзары дæр скæнын. Закъонхалджыты ныхмæ та æфхæрд. Гуырцъыты Маринæ, Дзæуджыхъæуы электронтыхдæттæн хайады мастер: «Нæ дæсныйадмæ гæсгæ, мах раиртасæм бирæ закъонхæлдтæ. Æнæбафиппайгæ нæу, ныртæккæ бирæ адæм сæ цæрæнуæтты коммуналон хæдзарæдты фиддонтæ кæй нæ фидынц, уый. Уæлдайдæр та рухсæн. Махæн нæ сæйраг нысан у, цæмæй адæм сæ хæстæ æмбæлгæ æмгъуыдмæ гæсгæ фидой. Нæ коммæ чи нæ кæсы, уыдонмæ та æнхъæлмæ кæсынц ивартæ». Æмæ æрмæст ивартæ нæ. «Севкавказэнерго»-йы специалисттæн сæ бон у пломбæ сæвæрын, кæнæ та рухсы телтæ алыг кæнын. Фæлæ уымæй размæ электрон тыхдæттæг разамынды кусджытæ хъуамæ рагагъоммæ цæрджытæн фехъусын кæной, цы сæм æнхъæлмæ кæсы, сæ хæс куы нæ бафидой, уæд. "Севкавказэнерго" - йы кусджытæ нын куыд бамбарын кодтой, афтæмæй уыдон архайынц юридикон æгъдаумæ гæсгæ. Роман Киракосян, Дзæуджыхъæуы электронтыхдæттæн хайады мастер: «Нæ куысты сæр райдайы уымæй, æмæ уал базонæм хæс чи дары, уыцы адæмы. Дарддæр та фенæм, хæдзармæ цы счетчик хауы, уый. Уый фæстæ та, сæвæрæм пломбæ. Пломбæ æвæрæм уый тыххæй, цæмæй уый фæстæ закъонхæлдтæ ма уа». Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй бирæуæладзыгон бæстыхæйтты кæртыты цы ирон хæдзæрттæ ис, уыдоны рухсы телтæ кæд æнæзкъонæй иумæйаг хæдзарадон электрон хызæгтæм баиу кодтой, уæд сæм æнхъæлмæ кæсы административон ивартæ. Роман Киракосян, Дзæуджыхъæуы электронтыхдæттæн хайады мастер: «Цæрджытæ пломбæтæм куы бавналой, уæд сæм æнхъæлмæ кæсы администартивон æфхæрд. Хъæудзæн сæ бафидын 10 мины бæрц ивар». Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарæдты фиддонтæ хъуамæ рагацау фыст уой, цæмæй хæдзары разамынды компани хæсты бын ма фæуа. Уый тыххæй та хъуамæ иумæйаг хъуыдымæ æрцæуой æмæ æмгуыст кæной. Къутæрты Аидæ, Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Севкавказэнерго»-йы специалисттæ аразынц иумæйаг рейдтæ
Категория:
Новости и СМИ