Уæлахизтæм фæндаг
Гимнастикæйы æнахуыр хуызæй архайынц Мæздæджы спортивон дзæбæхгæнæн комплексы. Секци сывæллæтты зæрдæмæ тынг цæуы. Арæх ацæуынц ерыстæм дæр. Спортсменты фæнды сæхимæ дæр ерыстæ саразын. Фæлæ сын уымæн нырма фадат нæй. Эстетикон гимнастикæйы секци у районы иунæг. Архайынц дзы 120 сывæллоны. Мæздæджы ахæм спортивон секци кæй кусы, уый иууылдæр зонынц. Тренеры ныхæстæм гæсгæ, бирæты йæм фæндыд. Бахъуыд сæ уæлæмхасæн кълæстæ байгом кæнын. Чызджытæ æппынæдзух фæархайынц регионалон æмæ федералон ерысты. Æмбулгæ дæр дзы, æнæмæнг, ракæнынц. «Ныридæгæн мæм ис фыццаг разряд. Тагъд рæстæджы цæуæм ерыстæм. Бацархайдзынæн спорты мастермæ кандидаты домæнтæ сæххæст кæнын. Ацы спорты хуыз мæ зæрдæмæ тынг цæуы, уымæн æмæ ерысты фæархайæм нæ къордимæ, æндæр горæттæм фæцæуæм. Бирæ цыдæр ногдзинæдтæ фенын æмæ базонын», - спортсменкæ Цопанаты Валерия. Æрыгон гимнасткæты фæнды сæхимæ дæр ерыстæ саразын. Физкультурон-дзæбæхгæнæн комплексы уымæн ис æппæт хъæугæ фадæттæ. Сæ залтæ сты уæрæх. Дзаумæттæ ивæн уæттæ æмæ спортивон кусæнгæрзтæ дæр сæм фаг ис. Фæлæ уæддæр ерыстæ саразынæн хъæуы Уæрæсейы спорты министрадæй сертификат райсын. Ныр цалдæр азы уыцы гæххæт сæ къухы не `фты. «17-æм, 18-æм, 19-æм азты дæр эстетикон гимнастикæйы Уæрæсейы федерациимæ ныхас фæкæнын, цæмæй нын бар радтой ам, Цæгат Ирыстоны ерыстæ саразынæн. Мæ зæрдæ дарын, кæй нын бантысдзæн, ууыл. Уымæн æмæ ахæм хорз спортивон комплекс хъуамæ йæ куыст кæна. Хъуамæ йæ феной Уæрæсейы Хуссары спортсментæ дæр», - РЦИ-Аланийы эстетикон гимнастикæйæ сæйраг тренер Елена Чухлебова. Комплексы директор куыд зæгъы, афтæмæй уыцы хъуыддагæн хъæуы æхцайы фæрæзтæ. Цæмæй ерыстæ кæныны бар райсай, уый тыххæй - 250 мин сомы. Комплексмæ уыцы фæрæзтæ нæма ис. Лæууы районы администрацийы хыгъды. Фæлæ йыл уæддæр кусынц. «Ныртæккæ архайæм уыцы сертификат райсыныл. Æнæ уымæй нын бар нæй регионты `хсæн ерыстæ аразынæн. Архайæм ыл. Спорты министрадимæ дæр уый фæдыл æмгуыст кæнæм, стæй Мæскуыимæ дæр», - спортивон комплекс «Чемпион»-ы директор Биченты Станислав. Мæздæджы районы бюджетæй цы фæрæзтæ исынц, уыдон фаг сты æрмæстдæр бæстыхайы куыстæн. Ивгъуыд аз спортивон комплексæн радтой 7 милуан сомы, ацы аз та сын пъланмæ гæсгæ хъуамæ радтой 10 милуаны. Администрацийы куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй уыцы æхцайæ бафидынц коммуналон лæггæдтæ, кусджыты мызд æмæ бассейн сыгъдæгæй дарыны хæрдзтæ. Уæдæ хъалонтæ дæр æхцайæн йæ фылдæр хай ассивынц. «Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы фæрæзтæ дæр фаг не сты, цæмæй ахæм стыр спортивон комплекс куса. Нæ районы у иунæг. Стæй æрæджы байгом, рæзы æмæ парахат кæны. Фæлæ комлексы разамынд дæр архайы, уæлæмхасæн фæрæзтæ ссарыныл. Зæгъæм, байгом кæнынц фидгæ лæггæдтæ. Уый дæр æххуыс у», - Мæздæджы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Елена Тюникова. Комплекс уæддæр кусы, куыд æмбæлы, афтæ. Ис дзы дзюдо, аивадон æмæ эстетикон гимнастикæ, баскетбол, футбол æмæ боксы секцитæ. Комплексмæ канд сывæллæттæ нæ цæуынц. Залмæ æрбамбырд вæййынц хистæртæ дæр. Уæлдай уарзон дзы адæмæн у бассейн. Йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдон комплексы лæггæдтæй пайда кæнынц лæвар. Спортивон бæстыхайы разамынд зæрдæ æвæры, дарддæр дæр кæй архайдзæн комплексы рæзтыл, уымæй. Фæнд кæнынц ног спортивон фæзтæ дæр ма саразын, стæй скалодром. Пхалæгаты Светланæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæлахизтæм фæндаг
Категория:
Новости и СМИ